79 ЗАР
Ӕнхус син кӕнӕ, цӕмӕй федар лӕууонцӕ
-
1. Нӕуӕг адӕни цӕттӕ кӕнун –
Устур кадӕ ’й махӕн е.
Сӕ зӕрдити арт ку исцӕфсуй –
Цийни хуасӕ нин ӕй е.
БАЗАРД
Йеговӕ, корӕн мах дӕуӕй,
Дӕттӕ син фагӕ хъауритӕ.
Кӕнӕ сӕ федар, раттӕ нифс, цӕмӕй сӕ над
Уа алкӕддӕр сӕ разӕй лигъз.
-
2. Зин сахат, ку уа рӕстӕг уӕззау
’Рбалӕудзиан сӕ фарсмӕ мах.
Корӕн ди, Агъазгӕнӕг Хуцау,
Алкӕд содзӕд сӕ цирагъ!
БАЗАРД
Йеговӕ, корӕн мах дӕуӕй,
Дӕттӕ син фагӕ хъауритӕ.
Кӕнӕ сӕ федар, раттӕ нифс, цӕмӕй сӕ над
Уа алкӕддӕр сӕ разӕй лигъз.
-
3. ’Стур Хуцау ӕма ӕ еунӕг Фурт,
Уӕнтӕ син сӕ нифс, сӕ уарт.
Рӕстдзийнади надбӕл уӕд сӕ цуд,
Ма син уа ӕносон цард!
БАЗАРД
Йеговӕ, корӕн мах дӕуӕй,
Дӕттӕ син фагӕ хъауритӕ.
Кӕнӕ сӕ федар, раттӕ нифс, цӕмӕй сӕ над
Уа алкӕддӕр сӕ разӕй лигъз.
(Кӕсӕ ма Лук. 6:48; Гъуд. 5:42; Фил. 4:1.)