Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

81 ЗАРӔГ

Пионеры цард

Пионеры цард

(Екклесиаст 11:6)

  1. 1. Хур ыскӕсы, ӕмӕ мах дӕр райхъал вӕййӕм.

    Скувӕм, афтӕмӕй

    алы бон хъусын кӕнынмӕ цӕуӕм.

    Алчи базоны, чи стӕм, нӕ мидбылхудтӕй.

    Чидӕр байхъусы, чидӕр та – нӕ,

    фӕлӕ мах ам ыстӕм.

    БАЗАРД

    Ахӕм цардӕй цӕрӕм

    Мах Хуыцауы тыххӕй.

    Хъуамӕ уый фӕндон сӕххӕст кӕнӕм.

    Хур бон уа йе къӕвда,

    Уӕддӕр хъусын кӕнӕм.

    Уымӕй дзурӕм, Йегъовӕ, дӕуӕн: «Уарзӕм дӕ!»

  2. 2. Хур куы акъул вӕййы, уӕдмӕ афӕллайӕм,

    Фӕлӕ цингӕнгӕ

    бузныг Хуыцауӕн фӕзӕгъӕм уӕддӕр.

    Ахӕм цардӕй цӕрын махӕн цины хос у.

    Кад Йегъовӕйӕн,

    уый нын ӕххуыс кӕны алы бон дӕр!

    БАЗАРД

    Ахӕм цардӕй цӕрӕм

    Мах Хуыцауы тыххӕй.

    Хъуамӕ уый фӕндон сӕххӕст кӕнӕм.

    Хур бон уа йе къӕвда,

    Уӕддӕр хъусын кӕнӕм.

    Уымӕй дзурӕм, Йегъовӕ, дӕуӕн: «Уарзӕм дӕ!»