Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

82 ЗАРӔГ

«Уӕ рухс кӕлӕд»

«Уӕ рухс кӕлӕд»

(Матфейы 5:16)

  1. 1. Йесо нын фӕдзӕхсы:

    «Уадз уӕ рухс кӕлӕд.

    Хурау алкӕй тавӕд,

    Удӕнцой дӕттӕд».

    Хорз хабар Хуыцауӕй

    Фарн хӕссы ’мӕ цард.

    Дзурдзыстӕм ӕй алкӕмӕн,

    Рухс куыд кӕна дард.

  2. 2. Адӕмӕн ныфс ратдзӕн

    Хорз хабар ӕрмӕст.

    Цӕй ӕмӕ зӕрдӕйӕ

    ’Ххӕст кӕнӕм нӕ хӕс.

    Алкӕмӕн дӕр дзурӕм

    Абон хорз хабар.

    Адӕймаг цы равзардзӕн,

    Уый та у йӕ бар.

  3. 3. Хорз хъуыддӕгтӕй абон

    Рухс кӕнӕм зӕххыл,

    Уый фӕрцы фылдӕр уӕз

    Ис нӕ ныхӕсты.

    Раст хъуыддӕгты ирд рухс

    Дарддӕр дӕр кӕлӕд!

    Алкӕддӕр Йегъовӕйӕн

    Цин хӕсдзыстӕм уӕд.