Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

84 ЗАРӔГ

Лӕггад кӕнӕм, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым

Лӕггад кӕнӕм, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым

(Матфейы 9:37, 38)

  1. 1. Хуыцау уыны, цы хъӕуы мах,

    Цӕмӕй нын цин хӕсса нӕ цард.

    Ӕппӕт дӕр нын дӕтты, цӕмӕй

    Лӕггад кӕнӕм зӕрдӕрухсӕй.

    БАЗАРД

    Алцӕмӕй кад кӕнӕм

    Стыр Хуыцауӕн мах.

    Ӕххуысмӕ алкӕддӕр стӕм цӕттӕ.

    Уымӕй ’вдисӕм уарзт.

  2. 2. Ӕгас зӕххыл ис бирӕ куыст.

    Кӕм хъӕуы, уым кӕнӕм ӕххуыс.

    Хъуыддагӕй уӕд вӕййы бӕрӕг,

    Кӕй уарзӕм мах кӕрӕдзи ’цӕг.

    БАЗАРД

    Алцӕмӕй кад кӕнӕм

    Стыр Хуыцауӕн мах.

    Ӕххуысмӕ алкӕддӕр стӕм цӕттӕ.

    Уымӕй ’вдисӕм уарзт.

  3. 3. Кӕм цӕрӕм, уым, стӕй дард рӕтты

    Цӕттӕ кӕнӕм ног залтӕ ныр.

    Ӕндӕр ӕвзаг мах базонӕм,

    Цӕмӕй фылдӕр ӕххуыс кӕнӕм.

    БАЗАРД

    Алцӕмӕй кад кӕнӕм

    Стыр Хуыцауӕн мах.

    Ӕххуысмӕ алкӕддӕр стӕм цӕттӕ.

    Уымӕй ’вдисӕм уарзт.