Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

84 ЗАР

Лӕггадӕ кӕнӕн, ӕнхус кӕми гъӕуй, уоми

Лӕггадӕ кӕнӕн, ӕнхус кӕми гъӕуй, уоми

(Матфеййи 9:37, 38)

  1. 1. Йеговӕ зонуй, хуарз ци ӕй,

    Ӕнтӕстгун цард цӕмӕй кӕнгӕ ’й.

    Дӕттуй нин алцидӕр, цӕмӕй

    Кӕнӕн лӕггадӕ рохс зӕрдӕй.

    БАЗАРД

    Раттӕн мах нӕ рӕстӕг

    не Сфӕлдесӕгӕн.

    Ӕнхусмӕ алкӕддӕр ан цӕттӕ,

    Неци ’вгъау кӕнӕн.

  2. 2. Ӕнхуси къох ку бадӕттӕн –

    Фӕууй ’стур аргъ нӕ хъиамӕттӕн.

    Гъуддагӕй уӕд ӕвдесӕн хуарз,

    Ке ес нӕ астӕу ӕцӕг уарзт.

    БАЗАРД

    Раттӕн мах нӕ рӕстӕг

    не Сфӕлдесӕгӕн.

    Ӕнхусмӕ алкӕддӕр ан цӕттӕ,

    Неци ’вгъау кӕнӕн.

  3. 3. Мах нӕуӕг залтӕ аразӕн,

    Ӕгас зӕрдӕй фӕййархайӕн.

    Ӕндӕр ӕвзаг ку базонӕн,

    Ӕнхус фулдӕр уӕд бакӕнӕн.

    БАЗАРД

    Раттӕн мах нӕ рӕстӕг

    не Сфӕлдесӕгӕн.

    Ӕнхусмӕ алкӕддӕр ан цӕттӕ,

    Неци ’вгъау кӕнӕн.