Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

87 ЗАРӔГ

Ӕрбацу, ӕмӕ удӕнцой ссарай

Ӕрбацу, ӕмӕ удӕнцой ссарай

(Дзуттӕгтӕм 10:24, 25)

  1. 1. Нӕ алыварс дуне у хивӕнд ’мӕ хӕлд,

    Хуыцауы фӕндагӕй у дард.

    Хъӕуы нӕ Йегъовӕйы разамынд тынг,

    Цӕмӕй уа фӕрнӕйдзаг нӕ цард.

    Сты не ’мбырдтӕ махӕн ыстыр цины хос,

    Хуыцаумӕ нӕ ’ввахсдӕр кӕнынц.

    Уым хорздзинад аразын ахуыр кӕнӕм,

    Нӕ хъарутыл хъарутӕ ’фтынц.

    Ӕххӕст кӕнӕм алкӕд Хуыцауы фӕндон,

    Уый махӕн у ’ппӕты сӕйраг.

    Рӕстдзинад нын не ’мбырдтӕ уарзын кӕнынц,

    Ӕвдисынц нын царды фӕндаг.

  2. 2. Цӕуыл тыхсӕм, зоны Йегъовӕ уый хорз –

    Йӕ зондмӕ нӕ хъусын хъӕуы.

    Кӕд не ’мбырдтӕн алкӕд ыссарӕм рӕстӕг,

    Уӕд раст зондыл дзурӕг у уый.

    Уым махӕн ӕфсымӕртӕ амонынц зонд,

    Цӕмӕй уа фӕзминаг нӕ цард.

    Кӕрӕдзийӕн бинонтау адджын ыстӕм,

    Ис не ’мбырды иудзинад, фарн.

    Хуыцауы ног дунемӕ ’нхъӕлмӕ кӕсӕм,

    Кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм.

    Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд агурӕм мах

    ’Мӕ царды фӕндагыл цӕуӕм.