Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

94 ЗАРӔГ

Бузныг стӕм Хуыцауы Ныхасы тыххӕй

Бузныг стӕм Хуыцауы Ныхасы тыххӕй

(Филиппӕгтӕм 2:16)

  1. 1. Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, куыд бузныг дӕ стӕм –

    Дӕ Ныхас нын радтай, цӕмӕй йӕ кӕсӕм!

    Дӕ Фыстад у ӕцӕгдӕр

    дӕ комытӕфӕй фыст.

    Рӕстдзинад дзы ссардтам, ыстыр зонд ’мӕ ныфс.

  2. 2. Арф зӕрдӕйы хизы дӕ сыгъдӕг Ныхас,

    Хъуыдытӕ ’мӕ фӕндтӕ уый базоны раст.

    Дӕ тӕрхон у ӕнӕфау,

    дӕ закъон у сыгъдӕг.

    Дӕ Ныхас у махӕн уынаффӕдӕттӕг.

  3. 3. Раст мах хуызӕн адӕм дӕ Ныхас фыстой,

    Цӕмӕй хӕсса не ’ппӕтӕн абон ӕнцой.

    Мах Фыстадыл ӕууӕндӕм,

    ӕдзухдӕр ӕй кӕсӕм.

    Дӕ зынаргъ лӕварӕн ыстыр аргъ кӕнӕм!