95 ЗАРӔГ
Рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕны
-
1. Пехуымпарты рагӕй фӕстӕмӕ фӕндыд
Чырыстийы хабӕрттӕ зонын.
Стӕй раргом, Мессийӕ кӕй ӕрцӕудзӕн, уый,
Кӕй фервӕздзӕн дуне фыдбонӕй.
Мессийӕ у Паддзах, йӕ рӕстӕг ӕрцыд,–
Уый абон бӕлвырдӕй уынӕм.
Суанг зӕдты цы фӕндыди зонын, уый мах
Ныр ӕмбарӕм ӕмӕ цин кӕнӕм!
БАЗАРД
Кӕны рухсӕй-рухсдӕр нӕ фӕндаг,
Ныр хуры тӕмӕны цӕуӕм.
Хуыцау нын ӕргом кӕны алцы.
Йӕ фӕрцы нӕ развӕд уынӕм.
-
2. Нӕ сӕргъы ӕвӕрд у ӕууӕнкджын цагъар,
Дӕтты нын хӕринаг рӕстӕгыл.
Рӕстдзинады рухс ирдӕй-ирддӕр кӕны,
Фӕзыны уый не ’ппӕт хъуыддӕгтыл.
Нӕ цыд бонӕй-бонмӕ ныфсджындӕр кӕны,
Тӕмӕнкалгӕ рухсы цӕуӕм.
Йегъовӕ дӕтты махӕн зонд ӕмӕ рухс,
’Мӕ дзы алкӕддӕр бузныг ыстӕм.
БАЗАРД
Кӕны рухсӕй-рухсдӕр нӕ фӕндаг,
Ныр хуры тӕмӕны цӕуӕм.
Хуыцау нын ӕргом кӕны алцы.
Йӕ фӕрцы нӕ развӕд уынӕм.
(Ноджыдӕр кӕс 1 Кор. 2:10; 1 Пет. 1:12.)