96 ЗАРӔГ
Хуыцауы чиныг – стыр хӕзна
-
1. Иу чиныг ис – йӕ ныхӕстӕй уый абон
У цин ӕмӕ ныфсы хос адӕмӕн.
Ыстыр тых ис йӕ диссаджы хъуыдыты,
Цард ратты «мардӕн», цӕстырухс – «куырмӕн».
О, уыцы стыр хӕзна у махӕн Библи –
Фыстой Хуыцауы ’взӕрст лӕгтӕ уый раст,
Уыди сӕ алчи сыгъдӕг тыхӕй хайджын,
Сыгъди сӕ зӕрдӕты Хуыцауы уарзт.
-
2. Ныффыстой раст, Хуыцау куыд скодта дуне,
Куыд фӕзынд йе стыр хъаруйӕ ӕппӕт,
Куыд скодта ’наипп, ’нӕтӕригъӕд адӕм,
Фӕлӕ ыстӕй куыд фесӕфти дзӕнӕт.
Стӕй дарддӕр иу зӕды тыххӕй ныффыстой –
Уый загъта уӕд, кӕй нӕу Йегъовӕ раст.
Йӕ фыдвӕнд маст ӕмӕ мӕлӕт ӕрхаста,
Фӕлӕ Хуыцауы стыр бон у ӕввахс.
-
3. Цӕрӕм мах абон амондджын рӕстӕджы –
Ӕрвтыл Хуыцауы Паддзахад фӕзынд.
Зӕххыл ыскӕндзӕн диссаджы рӕсугъд цард!
Фӕнды нӕ уый ныр алкӕмӕн зӕгъын.
Хуыцауы чиныг цины хабар дзуры,
Йӕ сыгъдӕг, рухс ныхӕстӕй ’фсӕды уд.
Уый у ӕцӕг фарн, удӕнцойы суадон.
Кӕсӕм ӕй алкӕд, стыр хӕзна нын у.
(Ноджыдӕр кӕс 2 Тим. 3:16; 2 Пет. 1:21.)