Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

97 ЗАРӔГ

Адӕймаг цӕры Хуыцауы Ныхасы фӕрцы

Адӕймаг цӕры Хуыцауы Ныхасы фӕрцы

(Матфейы 4:4)

  1. 1. Цард Хуыцауы Ныхас дӕтты,

    Уый фӕрцы мах цӕрӕм.

    Махӕн уый у хӕринагау,

    Алы бон ӕй кӕсӕм.

    Фарнӕй, цинӕй стӕм хайджын ныр,

    Стыр хӕрзтӕ ис нӕ раз’.

    БАЗАРД

    Цард Хуыцауы Ныхас дӕтты,

    Алцы амоны раст.

    Алы бон ӕй кӕсӕм, цӕмӕй

    Фидар уӕм ’мӕ ныфсхаст.

  2. 2. Ис Хуыцауы Ныхасы фыст

    Рагон адӕмы цард.

    Уарзтой уыдон Йегъовӕйы,

    Кодтой уымӕн лӕггад.

    Уыцы хабӕрттӕ бакӕсӕм,

    Бафидар вӕййӕм мах.

    БАЗАРД

    Цард Хуыцауы Ныхас дӕтты,

    Алцы амоны раст.

    Алы бон ӕй кӕсӕм, цӕмӕй

    Фидар уӕм ’мӕ ныфсхаст.

  3. 3. Мах Йегъовӕйы рухс Ныхас

    Алы бон дӕр кӕсӕм.

    Ныфс ’мӕ удӕнцой ссарӕм уым,

    Фидар уый фӕрцы стӕм.

    Мах, цы кӕсӕм, цы хъусӕм, уый

    ’Вӕрӕм зӕрдӕйы арф.

    БАЗАРД

    Цард Хуыцауы Ныхас дӕтты,

    Алцы амоны раст.

    Алы бон ӕй кӕсӕм, цӕмӕй

    Фидар уӕм ’мӕ ныфсхаст.

(Ноджыдӕр кӕс Йес. Н. 1:8; Ром. 15:4.)