Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

104 ЗАРӔГ

Хуыцауы лӕвар – йӕ сыгъдӕг тых

Хуыцауы лӕвар – йӕ сыгъдӕг тых

(Лукайы 11:13)

  1. 1. Кадджын Хуыцау, фӕлмӕн Фыд Йегъовӕ,

    Зоныс ӕй, ’нӕххӕст, лӕмӕгъ ыстӕм.

    Курӕм, нӕ уӕззау уаргъ нын фӕрог кӕн,

    Ратт нын дӕ тыхӕй, цӕмӕй фидар уӕм.

  2. 2. Зонӕм, дӕ кады аккаг кӕй не стӕм,

    Арӕх рӕдийӕм нӕ хъуыддӕгтӕй.

    Тынг дын лӕгъстӕ кӕнӕм, амон махӕн

    Раст фӕндаг алкӕд дӕ сыгъдӕг тыхӕй.

  3. 3. Цардӕй фӕллад, ныфссаст куы уӕм искуы,–

    Хъару нын ратдзынӕ уыцы бон.

    Фидар нӕ кӕн дӕ тыхӕй, цӕмӕй-иу

    Сисӕм нӕхи мах цӕргӕстау бӕрзонд!