107 ЗАР
Хуцауи уарзт – махӕн фӕнзуйнаг
-
1. Йеговӕ Хуцау ӕ алли гъуддагӕй
Алкӕмӕн, алкӕддӕр
Ӕвдесуй ӕ уарзт, цӕмӕй мах дӕр алкӕд
Еумӕ фӕрнӕй, уарзгӕй цӕрӕн.
Нивондӕн Хуцау ӕ Фурти ӕрхаста,
Ма адӕнӕн уӕд тӕрегъӕд нимбарзта.
Дун-дуйней нӕййес ӕмбал е ’стур уарзтӕн!
Е ӕй ’цӕг уарзт, Хуцауи ’стур уарзт.
-
2. Хуцауи фӕнзӕн, кӕрӕдзей ку уарзӕн
Алкӕддӕр, еугурдӕр.
Ӕгас зӕрдӕй мах ӕнхуси къох раттӕн
Не ’мбӕлттӕн дӕр, алкӕмӕндӕр.
Хуцауи ӕма ӕнсувӕрти уарзӕн –
Е ӕй ӕцӕг уарзт, бӕлвурдӕй ӕй зонӕн.
Кӕрӕдземӕй мах зӕрдӕй хатир корӕн –
Е ӕй нӕ уарзт, кӕдзосзӕрдӕ уарзт.
-
3. Йеговӕн ӕ уарзт бӕттуй кӕрӕдзебӕл –
Мах иссан бийнонтӕ.
Хуцау нин дӕттуй еудзийнадӕ, фарнӕ.
Фарни тӕгтӕ федар ӕнцӕ!
Бӕрӕг дарӕн мах нӕ цийнӕй, нӕ уарзтӕй,
Хуцауи Дзурдӕй зунд агорӕн алкӕд.
Ӕцӕг уарзтӕй мах ӕнсувӕрти уарзӕн
Е ӕй ’цӕг уарзт, Йегови ’стур уарзт.
(Кӕсӕ ма Ром. 12:10; Еф. 4:3; 2 Пет. 1:7.)