Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

108 ЗАРӔГ

Хуыцауы ӕнувыд уарзт

Хуыцауы ӕнувыд уарзт

(Исай 55:1–3)

  1. 1. Уарзы мах Стыр Хуыцау,

    Тавы ’нувыд уарзтӕй фыдау.

    Радта Йесойы мах тыххӕй,

    Балхӕдта нӕ тӕригъӕдӕй.

    Махӕн уый у зынаргъ лӕвар:

    Ис нын фидӕн – ӕнусон цард.

    БАЗАРД

    Дон кӕй хъӕуы – ’рбацӕут,

    Нуазут царды дон лӕвар.

    Ныр уӕ дойны басӕттут –

    Фенут Хуыцауы уарзт.

  2. 2. Уарзы мах не Скӕнӕг.

    У йӕ уарзт ӕнувыд ӕцӕг!

    Сты йӕ хъуыддӕгтӕ уарзтыл баст,

    Мах уый абон ӕмбарӕм раст.

    Радта Йесойӕн Паддзахад,

    Сбӕрзонд уымӕй йӕ ном, йӕ кад!

    БАЗАРД

    Дон кӕй хъӕуы – ’рбацӕут,

    Нуазут царды дон лӕвар.

    Ныр уӕ дойны басӕттут –

    Фенут Хуыцауы уарзт.

  3. 3. ’Нувыд уарзт у зынаргъ –

    Уый нын у Хуыцауы лӕвар.

    Цӕй, Йегъовӕйы уарзт фӕзмӕм,

    Сабыр адӕмӕн се ’ххуыс уӕм –

    Дзурӕм се ’ппӕтӕн хорз хабар,

    Уадз ’мӕ ссарой ӕнусон цард.

    БАЗАРД

    Дон кӕй хъӕуы – ’рбацӕут,

    Нуазут царды дон лӕвар.

    Ныр уӕ дойны басӕттут –

    Фенут Хуыцауы уарзт.

(Ноджыдӕр кӕс Пс. 33:5; 57:10; Еф. 1:7.)