109 ЗАРӔГ
Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм
-
1. Артау судзӕд не ’нувыд уарзт,
Махӕй Йегъовӕ райгонд уа.
Уарзт у йӕ сӕйраг миниуӕг,
Аргъ ын кӕнӕм ӕцӕг.
Зӕрдӕйы хъарм не ’вгъау кӕнӕм –
Уый фӕрцы хорз ӕмбӕлттӕ стӕм.
Удуӕлдай, ’нӕхин у нӕ уарзт,
Стӕм уый фӕрцы ’нгом баст.
Зын куы вӕййы искӕмӕн,
Уӕд йӕ фарсмӕ уайтагъд балӕууӕм.
Кӕд ӕххуысмӕ стӕм цӕттӕ,
Уӕд ӕцӕг ӕмбӕлттӕ стӕм.
Стыр Хуыцау Йегъовӕйы уарзт
Йесойы руаджы зонӕм мах.
Агайы зӕрдӕ уыцы уарзт.
Тавӕд алкӕй дӕр ӕдзух
Не ’цӕг, ’нувыд уарзты рухс.
(Ноджыдӕр кӕс 1 Пет. 2:17; 3:8; 4:8; 1 Иоан. 3:11.)