109 ЗАР
Кӕрӕдзей ӕгас зӕрдӕй уарзӕн
-
1. Артау содзӕд не ’новуд уарзт,
Махӕй Хуцау арази уа.
Уарзт ӕй ӕ сӕйраг менеуӕг,
Уомӕн кӕнӕн ’стур аргъ.
Нӕ зӕрди уарзт не ’вгъау кӕнӕн,
Уой фӕрци хуарз ӕмбӕлттӕ уӕн.
Уодуӕлдай ӕй не ’новуд уарзт,
Ан уой фӕрци ’нгом баст.
Зин ку уа ни ескӕмӕн,
Уӕд ӕ фарсмӕ уайтагъд балӕууӕн.
Кӕд ӕнхусмӕ ан цӕттӕ,
Уӕд ӕцӕг ӕмбӕлттӕ ан.
’Стур Хуцау Йеговӕн ӕ уарзт
Базудтан Йесой фӕрци мах.
Зӕрдӕ рӕвдауй еци уарзт.
Тавӕд алкедӕр ӕдзох
Не ’цӕг ’новуд уарзти рохс.
(Кӕсӕ ма 1 Пет. 2:17; 3:8; 4:8; 1 Иоан. 3:11.)