Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

111 ЗАРӔГ

Нӕ циндзинад

Нӕ циндзинад

(Матфейы 5:12)

  1. 1. Нӕ зӕрдӕты цин у ӕгӕрон,

    Фылдӕр кӕны алы бон дӕр.

    Хуыцаумӕ йӕ зынаргъ «хӕзнатӕ»

    Цӕуынц ӕппӕт адӕмтӕй дӕр.

    Нӕ цин ӕмӕ амонды суадон

    Хуыцауы Ныхасӕй кӕлы.

    Ӕдзух дзы нӕ зонд мах ӕфсадӕм,

    Нӕ ныфс уымӕй фидар кӕны.

    Нӕ цин никуы ’рмынӕг уыдзӕни –

    Нӕ зӕрдӕты судзы зынгау.

    Фӕлварӕнты фидар лӕудзыстӕм,

    Тыхтӕ нын дӕтдзӕни Хуыцау.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ нӕ цин у, нӕ ныфс.

    Цы скодта, уый стыр цин хӕссы.

    Йӕ кад у бӕрзонд, ӕгӕрон – йӕ зонд,

    Йӕ хӕрзтӕй нӕ хайджын кӕны!

  2. 2. Хуыцауы сконд арв ӕмӕ зӕхмӕ

    Кӕсынӕй нӕ фефсӕдӕм мах.

    Йӕ къухты конд «нывтӕ» сты диссаг,

    Кӕнӕм ын мах уый тыххӕй кад.

    Йӕ Паддзахады хабар абон

    Сӕрыстырӕй хъусын кӕнӕм.

    Цы диссаджы ног цард ыскӕндзӕн,

    Уый алкӕмӕн хъуамӕ зӕгъӕм.

    Ӕппӕт маст уӕд раивдзӕн стыр цин,

    Къӕвда бон куыд раивы хур.

    Йегъовӕйы ног дуне ’рхӕсдзӕн

    Ӕнусон фарн, амонды рухс.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ нӕ цин у, нӕ ныфс.

    Цы скодта, уый стыр цин хӕссы.

    Йӕ кад у бӕрзонд, ӕгӕрон – йӕ зонд,

    Йӕ хӕрзтӕй нӕ хайджын кӕны!