Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

116 ЗАРӔГ

Хӕларзӕрдӕдзинады тых

Хӕларзӕрдӕдзинады тых

(Ефесӕгтӕм 4:32)

  1. 1. Куыд бузныг ыстӕм, Йегъовӕ, дӕуӕй,

    Фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй дӕ!

    Кӕд зондджын ӕмӕ тыхджын дӕ, уӕддӕр

    Хӕларзӕрдӕ алкӕмӕ дӕ.

  2. 2. Ӕфхӕрд чи у, уымӕн дзуры дӕ Фырт,

    Кӕй йын ӕххуыс кӕндзӕн.

    Хӕларзӕрдӕ у Чырысти дӕуау,

    Ныфсдӕттӕг нын алкӕд уыдзӕн.

  3. 3. Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырты фӕзмӕм –

    Ыстӕм хӕларзӕрдӕ.

    Хӕларзӕрдӕ чи у, уый ’цӕгдӕр у

    Ыстыр ӕххуыс алкӕмӕн дӕр.