Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

117 ЗАРӔГ

Хуыцауы хорздзинад фӕзмӕм

Хуыцауы хорздзинад фӕзмӕм

(2 Азфыстыты 6:41)

  1. 1. О Йегъовӕ, Дунедарӕг!

    Стыр хӕрзтӕй нын хай кӕныс.

    Ды дӕ иузӕрдион, кадджын,

    Алкӕд хорздзинад кӕныс.

    Уарзыс мах ӕнувыд уарзтӕй,

    Хатыр нын кӕныс рӕдыд.

    Ӕмӕ ’рмӕст дӕуӕн, Йегъовӕ,

    Мах лӕггад кӕнын фӕнды.

  2. 2. Кад хӕссынц дӕуӕн дӕ адӕм,

    Алы хорз хъуыддаг кӕнынц.

    Сты хӕрзӕгъдау ӕмӕ ’фсармджын,

    Ӕмӕ хорз хабар хӕссынц.

    Хорз уынаффӕ, хорз фыййӕуттӕ

    Ды дӕттыс дӕ адӕмӕн.

    Хай нын кӕн дӕ сыгъдӕг тыхӕй,

    Ӕмӕ ’ххуыс уӕм алкӕмӕн.

  3. 3. Мах ӕфсымӕртӕ ’мӕ хотӕн

    Алкӕд хорздзинад кӕнӕм.

    Фӕлӕ иннӕты дӕр уарзӕм,

    Хорзы алкӕмӕн цӕуӕм.

    Мах нӕ хӕдзары ’мӕ ’мбырды,

    Стӕй нӕ сыхӕгты ’хсӕн дӕр

    ’Рмӕстдӕр хорздзинад кӕндзыстӕм,

    Алы адӕймагӕн дӕр.