Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

117 ЗАР

Хуцауи хуарздзийнадӕ фӕнзӕн

Хуцауи хуарздзийнадӕ фӕнзӕн

(2 Анзфинстити 6:41)

  1. 1. О Йеговӕ, Дуйнедарӕг!

    ’Стур хуӕрзтӕй нин хай кӕнис.

    Ду дӕ еузӕрдон ма кадгин,

    Хуарздзийнӕдтӕ нин дӕттис.

    Уарзис мах дӕ фӕлмӕн уарзтӕй,

    Хатир нин кӕнис рӕдуд.

    Ма ӕрмӕстдӕр дӕу, Йеговӕ,

    Кадгин кӕнун мах фӕндуй.

  2. 2. Де ’взурст адӕн дӕуӕн кадӕ

    Алли бон дӕр кӕнунцӕ.

    Ӕнцӕ хуарзӕгъдау, ӕхсаргин

    Ма хуарз хабар хӕссунцӕ.

    Хуарз унаффӕ, хуарз фиййӕуттӕ,

    Ду дӕттис дӕ адӕнӕн.

    Раттӕ махӕн сугъдӕг хъаурӕ,

    Ма ӕнхус уӕн алкӕмӕн.

  3. 3. Не ’нсувӕртӕн ма нӕ хуӕртӕн

    Хуарздзийнадӕ мах кӕнӕн.

    Фал иннети дӕр нӕ уадзӕн,

    Хуарзи алкӕмӕн цӕуӕн.

    Нӕ хӕдзари ма ӕмбурди,

    Нӕ синхонти астӕу дӕр

    Хуарздзийнадӕ кӕндзинан мах,

    Алли адӕймагӕн дӕр.