Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

121 ЗАРӔГ

Хъӕуы нӕ хиуылхӕцындзинад

Хъӕуы нӕ хиуылхӕцындзинад

(Ромӕгтӕм 7:14–25)

  1. 1. Уарзӕм Хуыцауы ӕппӕт удӕй мах,

    Фӕлӕ стӕм ӕнӕххӕст, фӕрӕдийӕм хатт.

    Буары фӕндтӕ мӕлӕтмӕ кӕнынц,

    Сыгъдӕг хъуыдытӕ та цард дӕттынц.

  2. 2. Хӕйрӕг фӕлвары, рӕдийын кӕны.

    Стӕй зонӕм, нӕ мидӕг тӕригъӕд цӕры.

    Ратдзӕн Йегъовӕ махӕн тыхтӕ,

    ’Нӕмӕнг нӕ ’ркӕндзӕн уӕлахизмӕ.

  3. 3. Хъуамӕ Хуыцауӕн йӕ ном рухс кӕнӕм –

    Нӕ алы хъуыддаджы сыгъдӕг хъуамӕ уӕм.

    Мах фӕнды алкӕд хиуыл хӕцын,

    Уымӕй Хуыцауы бӕрзонд кӕнын.