Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

124 ЗАР

Алкӕддӕр еузӕрдон уӕн

Алкӕддӕр еузӕрдон уӕн

(Псалом 18:25)

  1. 1. Мах Хуцаубӕл еузӕрдон ан,

    Уобӕл ӕй нӕ зӕрдӕ баст.

    Ан ӕ адӕн ма ӕ закъон

    Мах фӕндуй лӕдӕрун раст.

    Пайда ӕй ӕ фӕдзӕхст махӕн,

    Аргъ кӕнӕн ӕ амундтӕн.

    Е ӕхуӕдӕг ӕй ӕновуд,

    Мах дӕр еузӕрдон ин уӕн!

  2. 2. Гъӕйдӕ алкӕд еузӕрдон уӕн

    Мах дӕр не ’нсувӕртӕбӕл,

    Ма зин сахат уӕн сӕ фарсмӕ,

    Уӕн фӕлмӕн, хӕларзӕрдӕ.

    Мах зӕрдӕй кӕнӕн син кадӕ,

    Еугуремӕн аргъ кӕнӕн.

    Уӕд нӕ астӕу еудзийнадӕ,

    Кӕрӕдзебӕл баст куд уӕн.

  3. 3. Еузӕрдон уӕн ма игъосӕн

    Хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ.

    Етӕ махӕн ӕнхус ӕнцӕ,

    Цӕмӕй архайӕн рӕстӕй.

    Арфӕ нин кӕндзӕй Йеговӕ

    Ма нин хъауритӕ дӕтдзӕй.

    Ку уӕн алкӕд еузӕрдон мах,

    Уӕд ни арази уодзӕй.