Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

126 ЗАРӔГ

Ут цӕттӕ, хъӕбатыр ӕмӕ фидар

Ут цӕттӕ, хъӕбатыр ӕмӕ фидар

(1 Коринфӕгтӕм 16:13)

  1. 1. Ут цӕттӕ, хъӕбатыр, фидар,

    Алкӕд иузӕрдион ут.

    Зонут, тагъд уыдзӕн уӕлахиз,

    Ӕмӕ ’ппындӕр ма тӕрсут.

    Хъусӕм Йесомӕ мах алкӕддӕр

    ’Мӕ цӕуӕм йӕ фӕдыл не ’ппӕт дӕр.

    БАЗАРД

    Ут цӕттӕ, хъӕбатыр ’мӕ фидар!

    Тох кӕнут ӕппӕт тыхтӕй!

  2. 2. Ут цӕттӕ, цырддзаст ут алкӕд,

    Ут сӕрныллӕг, коммӕгӕс.

    Сиды «зондджын цагъар» махмӕ.

    Уымӕ хъусын у нӕ хӕс.

    Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм хъусӕм, цӕй –

    Тынг фыдӕбон кӕнынц мах тыххӕй.

    БАЗАРД

    Ут цӕттӕ, хъӕбатыр ’мӕ фидар!

    Тох кӕнут ӕппӕт тыхтӕй!

  3. 3. Ут цӕттӕ ӕмӕ ӕмзӕрдӕ,

    ’Мӕ рӕстдзинадыл хӕцут.

    Кӕд цӕуой нӕ ныхмӕ знӕгтӕ,–

    Дарддӕр хорз хабар хӕссут.

    Кады зарӕг алкӕм айхъуысдзӕн.

    Тагъд Йегъовӕйы стыр бон уыдзӕн!

    БАЗАРД

    Ут цӕттӕ, хъӕбатыр ’мӕ фидар!

    Тох кӕнут ӕппӕт тыхтӕй!