Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

126 ЗАР

Уӕн цӕттӕ, нифсхаст ӕма федар

Уӕн цӕттӕ, нифсхаст ӕма федар

(1 Коринфӕгтӕмӕ 16:13)

  1. 1. Уӕн цӕттӕ, нифсхаст ма федар,

    Алкӕддӕр уӕн еузӕрдон.

    Зонӕ, тагъд уодзӕй уӕлахез,

    Ма гъе уомӕй нифсгун уо.

    Ӕнхӕст кӕнӕн Йесой амундтӕ

    Ма цӕуӕн ӕ фӕдбӕл алкӕддӕр.

    БАЗАРД

    Уӕн цӕттӕ, нифсхаст ӕма федар!

    Тох кӕнӕн кӕронмӕ дӕр!

  2. 2. Цӕттӕ уӕн, цӕрдӕг уӕн алкӕд,

    Сӕрниллӕг ма коммӕгӕс.

    «Зундгин цагъармӕ» игъосӕн –

    Е ӕй махӕн нӕ ихӕс.

    Хестӕр нӕлгоймӕгти хъиамӕттӕн

    Зӕрдиагӕй арфӕ мах кӕнӕн.

    БАЗАРД

    Уӕн цӕттӕ, нифсхаст ӕма федар!

    Тох кӕнӕн кӕронмӕ дӕр!

  3. 3. Уӕн цӕттӕ ӕма ӕмзӕрдӕ,

    Рӕстдзийнади фарс лӕууӕн.

    Ку нӕ хъор кӕнонцӕ знӕгтӕ,

    Уӕддӕр хуарз хабар хӕссӕн.

    Мах Йеговӕн кади зар кӕнӕн,

    Ӕ тӕрхӕнттӕ дзорӕн адӕнӕн!

    БАЗАРД

    Уӕн цӕттӕ, нифсхаст ӕма федар!

    Тох кӕнӕн кӕронмӕ дӕр!