131 ЗАРӔГ
«Хуыцау цы баиу кодта, уый»
-
1. Дыууӕ удӕн сӕ цард
Ӕртӕ тагӕй у баст.
Уыдзысты алкӕд иумӕ –
Дзырд радтой алкӕй раз.
1-АГ БАЗАРД
Хуыцауы раз лӕг загъта:
«Мӕ усы уарздзынӕн».
Хуыцау цы баиу кодта,
Уый ма фӕхицӕн кӕн.
-
2. Сӕ цардӕн у бындур
Хуыцауы фыст Ныхас.
Йегъовӕйӕ зонд курынц,
Цӕмӕй уа се ’хсӕн фарн.
2-АГ БАЗАРД
Хуыцауы раз ус загъта:
«Мӕ лӕджы уарздзынӕн».
Хуыцау цы баиу кодта,
Уый ма фӕхицӕн кӕн.
(Ноджыдӕр кӕс Райд. 2:24; Еккл. 4:12; Еф. 5:22–33.)