135 ЗАРӔГ
Йегъовӕ фӕлмӕнӕй дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул»
-
1. Ӕрыгӕттӕ, раттут
уӕ зӕрдӕтӕ мӕнӕн.
Уӕ фидар фӕнд ме знаг
йӕхи цӕстӕй уындзӕн.
Уӕ хъару, уӕ тых мын
ӕнӕвгъауӕй дӕттут.
Ӕппӕт дуне зонӕд,
мӕн тыххӕй кӕй цӕрут.
БАЗАРД
Мӕ буц хъӕбул! У зондджын алкӕд,
Мӕ зӕрдӕ дӕ куыд рухс кӕна.
Дӕ лӕггад мӕнӕн кад хӕсдзӕни,
Кӕд дын ӕппӕт зӕрдӕйӕ уа.
-
2. Рӕдауӕй мын раттут,
хуыздӕрӕй уӕм цы ис.
Ӕххуыс уын кӕндзынӕн
зын рӕстӕджыты ӕз.
Кӕд уӕ искуы исчи
фӕфыдӕнхъӕл кӕна,
Уӕддӕр зонут алкӕд:
мӕнӕн ыстут зынаргъ.
БАЗАРД
Мӕ буц хъӕбул! У зондджын алкӕд,
Мӕ зӕрдӕ дӕ куыд рухс кӕна.
Дӕ лӕггад мӕнӕн кад хӕсдзӕни,
Кӕд дын ӕппӕт зӕрдӕйӕ уа.
(Ноджыдӕр кӕс Дык. з. 6:5; Еккл. 11:9; Ис. 41:13.)