137 ЗАРӔГ
Иузӕрдион сылгоймӕгтӕ, нӕ чырыстон хотӕ
-
1. Саррӕ, Есфир, Марийӕ, Руф ’мӕ Аннӕ –
Се ’ппӕт уыдысты уӕздан сылгоймӕгтӕ.
Рухс кодтой уыдон Йегъовӕйы зӕрдӕ.
Алкӕд иузӕрдыг уыдысты, зонӕм мах.
Ахӕм хорз сылгоймӕгтӕ уыд бирӕ,
Уарзта сӕ Йегъовӕ ӕмӕ сын кодта аргъ.
-
2. Иузӕрдион, рӕдау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ –
Алкӕддӕр кадджын уыд ахӕм адӕймаг.
Уыцы сылгоймӕгтӕн уыд раст ахӕм уаг.
Уымӕй се ’ппӕт дӕр ысты фӕзминаг ныр.
Ӕмӕ афтӕ абон дӕр нӕ хотӕ
Иузӕрдион, фидар ӕмӕ фӕзминаг сты.
-
3. Мадӕлтӕ, идӕдзтӕ, чызджытӕ, хотӕ,
Цингӕнгӕ абон сымах лӕггад кӕнут,
Бонзонгӕ, коммӕгӕс уе ’ппӕт дӕр ыстут,
Дары Стыр Хуыцау йӕ дӕлбазыр сымах.
Арфӕ уын кӕнӕд Йегъовӕ алкӕд!
Райсдзыстут ӕнӕмӕнг ыстыр хӕрзиуӕг тагъд.
(Ноджыдӕр кӕс Фил. 4:3; 1 Тим. 2:9, 10; 1 Пет. 3:4, 5.)