138 ЗАРӔГ
«Урс сӕр у рӕсугъд кадыхуд»
-
1. Не ’хсӕн абон бирӕтӕ
Ацӕргӕ ысты.
Нӕу сӕ цард ӕнцон, фӕлӕ
Сты уӕддӕр ныфсджын.
Чи лӕмӕгъ, чи низӕфхӕрд,
Чи та зианджын у.
О Хуыцау, сӕ ныфс сын ды
Фидар кӕн ӕдзух.
БАЗАРД
О Хуыцау, сӕ лӕггад
Рох куы нӕу дӕуӕй.
Раппӕл сӕ, зӕгъ: «Тынг хорз!»
Бафсад сӕ хӕрзтӕй.
-
2. Урс сӕр у рӕстгӕнӕгӕн
Фидыц, кадыхуд.
Уый Хуыцауӕн алкӕддӕр
У зынаргъ, рӕсугъд.
Ацӕргӕ дӕр уыд кӕддӕр
Хъаруджын, уӕнгрог.
Йе ’взонг цард Йегъовӕйӕн
Кодта уый нывонд.
БАЗАРД
О Хуыцау, сӕ лӕггад
Рох куы нӕу дӕуӕй.
Раппӕл сӕ, зӕгъ: «Тынг хорз!»
Бафсад сӕ хӕрзтӕй.
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 71:9, 18; Ӕмб. 20:29; Матф. 25:21, 23; Лук. 22:28; 1 Тим. 5:1.)