Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

141 ЗАРӔГ

Цард у зынаргъ лӕвар

Цард у зынаргъ лӕвар

(Псалом 36:9)

  1. 1. Алы ног бон дӕр, хуры алы тын,

    Мӕйы рухс, фӕлмӕн къӕвда, мады рӕвдыд –

    Се ’ппӕт дӕр ысты диссаджы лӕвар,

    Радта сӕ Хуыцау, цӕмӕй рӕсугъд уа нӕ цард.

    1-АГ БАЗАРД

    Зынаргъ лӕвар у цард, ’мӕ йын аргъ кӕнӕм,

    Уарзӕм не Скӕнӕг Хуыцауы – йӕ фӕрцы цӕрӕм.

    Нӕ балхӕндзынӕ цард, уый не ’ппӕт дӕр зонӕм.

    Цард алкӕмӕн дӕр у Хуыцауы стыр лӕвар.

  2. 2. Бирӕтӕн сӕ ныфс ахуыссы зынгау,

    ’Мӕ фӕзӕгъынц фыртыхстӕй: «Амӕл фӕлтау!»

    Фӕлӕ мах уӕддӕр цардӕн аргъ кӕнӕм,

    Царддӕттӕг Хуыцауӕй бузныг алкӕд ыстӕм.

    2-АГ БАЗАРД

    Зынаргъ лӕвар у цард, ’мӕ йын аргъ кӕнӕм,

    Уарзӕм адӕмы зӕрдӕйӕ ӕмӕ сыл тыхсӕм.

    Нӕ балхӕндзынӕ цард, уый не ’ппӕт дӕр зонӕм.

    Цард алкӕмӕн дӕр у Хуыцауы стыр лӕвар.