Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

142 ЗАРӔГ

Нӕ ныфсыл фидар хӕцӕм

Нӕ ныфсыл фидар хӕцӕм

(Дзуттӕгтӕм 6:18, 19)

  1. 1. Рагӕй дӕр адӕмӕн талынг у сӕ фӕндаг.

    Дымгӕ куыд сурай, раст афтӕ у сӕ цард.

    Дунейы уавӕр у абон ӕдзӕллаг,

    Алкӕм тӕригъӕд у карз ӕлдар.

    БАЗАРД

    Хъӕлдзӕгӕй зар, ныфс Йегъовӕйыл дар –

    Сси Паддзах йӕ Фырт, ӕмӕ стӕм ныр йӕ бар!

    ’Взӕрдзинад нал уыдзӕн уый фӕрцы тагъд.

    Хӕцӕм фидар ацы зынаргъ ныфсыл мах.

  2. 2. «’Рхӕстӕг Хуыцауы бон!» – хъусын кӕнӕм алкӕм.

    Ничиуал дзурдзӕни: «Цас ма уа фыдцард?»

    Удхар нӕ кӕндзысты уӕд йе сконд адӕм.

    Сбӕрзонд кӕнӕм, цӕй, Хуыцауы кад!

    БАЗАРД

    Хъӕлдзӕгӕй зар, ныфс Йегъовӕйыл дар –

    Сси Паддзах йӕ Фырт, ӕмӕ стӕм ныр йӕ бар!

    ’Взӕрдзинад нал уыдзӕн уый фӕрцы тагъд.

    Хӕцӕм фидар ацы зынаргъ ныфсыл мах.