Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

144 ЗАРӔГ

Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!

Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!

(2 Коринфӕгтӕм 4:18)

  1. 1. Ногӕй та цӕстӕй куырм ракӕсдзӕн,

    Хъусӕй та къуырма уӕд фехъусдзӕн.

    Алкӕм цин кӕндзысты сабитӕ

    ’Мӕ хъуысдзӕн хъӕлдзӕг зарджытӕ.

    Чи уыд мард, уый цардмӕ раздӕхдзӕн.

    Уӕд зӕххыл фыддзинад нал уыдзӕн.

    БАЗАРД

    Зон, Хуыцау ыскӕндзӕн ахӕм цард.

    Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!

  2. 2. Хиздзӕн бирӕгъ сабыр фысты цур,

    Ӕмӕ арс ’мӕ роды тавдзӕн хур,

    Уым гыццыл лӕппумӕ хъусдзысты,

    Йӕ разы иумӕ хиздзысты.

    Рох уыдзӕн уӕд рыст, цӕссыгтӕ, маст,

    Ӕмӕ алчи уӕд уыдзӕн ӕдас.

    БАЗАРД

    Зон, Хуыцау ыскӕндзӕн ахӕм цард.

    Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!

(Ноджыдӕр кӕс Ис. 11:6–9; 35:5–7; Иоан. 11:24.)