Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

146 ЗАРӔГ

«Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног»

«Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног»

(Раргомад 21:1–5)

  1. 1. Бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй архайы ныр.

    Сси хицау ’мӕ паддзах йӕ кадджын Фырт.

    Уӕлӕрвтӕй уый Хӕйрӕджы раппӕрста.

    Зӕххыл дӕр Хуыцауы фӕнд хъуамӕ уа.

    БАЗАРД

    Хуыцауы цатыр ам и ныр,

    Цӕры йӕ адӕмимӕ уый.

    Ныр маст, ӕфхӕрд ’мӕ сагъӕс нал уыдзӕн,

    Ӕмӕ зианы кой нӕ райхъуысдзӕн.

    Уый загъта: «’Ппӕт дӕр ног ӕз аразын.

    Ӕцӕг ӕмӕ раст зӕгъын».

  2. 2. Хуыцауы сыгъдӕг горӕт алчи уынӕд,

    Уӕрыччы чындзагӕн ыскад кӕнӕд.

    Йӕ мойаджы раз ис, рӕсугъд конд у,

    Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ уыдзӕн йӕ рухс.

    БАЗАРД

    Хуыцауы цатыр ам и ныр,

    Цӕры йӕ адӕмимӕ уый.

    Ныр маст, ӕфхӕрд ’мӕ сагъӕс нал уыдзӕн,

    Ӕмӕ зианы кой нӕ райхъуысдзӕн.

    Уый загъта: «’Ппӕт дӕр ног ӕз аразын.

    Ӕцӕг ӕмӕ раст зӕгъын».

  3. 3. Уӕд ног горӕт алкӕмӕн стыр цин хӕсдзӕн.

    Уый бонӕй ’мӕ ’хсӕвӕй дӕр гом уыдзӕн.

    Йӕ рухсы цӕудзысты ’ппӕт адӕмтӕ.

    Хӕссынц уыцы рухс Йагъы цагъартӕ.

    БАЗАРД

    Хуыцауы цатыр ам и ныр,

    Цӕры йӕ адӕмимӕ уый.

    Ныр маст, ӕфхӕрд ’мӕ сагъӕс нал уыдзӕн,

    Ӕмӕ зианы кой нӕ райхъуысдзӕн.

    Уый загъта: «’Ппӕт дӕр ног ӕз аразын.

    Ӕцӕг ӕмӕ раст зӕгъын».