Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

147 ЗАРӔГ

Хуыцауы зӕрдӕвӕрд – ӕнусон цард

Хуыцауы зӕрдӕвӕрд – ӕнусон цард

(Псалом 37:29)

  1. 1. Загъта Йегъовӕ, кӕй ратдзӕн

    Махӕн ӕнӕкӕрон цард.

    ’Нӕхъӕн зӕхх дидинӕг калдзӕн.

    Уӕд уыдзӕн алкӕм фарн.

    БАЗАРД

    Мах размӕ кӕсдзыстӕм –

    Ӕнустӕм цӕрдзыстӕм!

    Тагъд ралӕудзӕн ’цӕг цард –

    Уый загъта Хуыцау.

  2. 2. Алцӕмӕй ’ххӕст мах уыдзыстӕм

    Не Стыр Хуыцауы фӕндӕй.

    Диссаджы цардӕй цӕрдзыстӕм,

    Амондджынӕй, фӕрнӕй.

    БАЗАРД

    Мах размӕ кӕсдзыстӕм –

    Ӕнустӕм цӕрдзыстӕм!

    Тагъд ралӕудзӕн ’цӕг цард –

    Уый загъта Хуыцау.

  3. 3. Тагъд мӕрдтӕ райгас уыдзысты,

    Нал уыдзӕн маст ӕмӕ хъыг.

    Тавдзӕн Хуыцау мах йӕ уарзтӕй,

    Нал уыдзӕни цӕссыг.

    БАЗАРД

    Мах размӕ кӕсдзыстӕм –

    Ӕнустӕм цӕрдзыстӕм!

    Тагъд ралӕудзӕн ’цӕг цард –

    Уый загъта Хуыцау.