Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

148 ЗАРӔГ

Йегъовӕ – нӕ Ирвӕзынгӕнӕг

Йегъовӕ – нӕ Ирвӕзынгӕнӕг

(2 Самуилы 22:1–8)

  1. 1. Йегъовӕ, ды ӕцӕг Хуыцау дӕ, удӕгас.

    Дӕ къухты конд ысты зӕхх, денджыз ӕмӕ арв.

    Мӕнг хуыцӕуттӕм ӕппындӕр нӕй ахӕм тых –

    ​сты ӕдых.

    Знӕгты ныццӕгъддзынӕ.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ йӕ адӕмӕн у сӕ Къӕдзӕх,

    Ӕххуыс сын дӕтты ’мӕ сӕ ирвӕзын кӕны.

    Мах йӕ фӕрцы хъӕбатыр ыстӕм,

    кад ын хӕссӕм.

    Цӕй ’мӕ алкӕд Йегъовӕйы ном

    бӕрзонд кӕнӕм!

  2. 2. Мӕлӕты хызтӕ сты мӕ разы, сидын ӕз:

    «Йегъовӕ, ратт мын тых, мӕ ныфсыл бафтау ныфс.

    Хуыцау, мӕ куывд мын фехъус, ӕххуыс мын ратт,

    у мӕ уарт,

    Де уазӕг бакӕн мӕн».

    БАЗАРД

    Йегъовӕ йӕ адӕмӕн у сӕ Къӕдзӕх,

    Ӕххуыс сын дӕтты ’мӕ сӕ ирвӕзын кӕны.

    Мах йӕ фӕрцы хъӕбатыр ыстӕм,

    кад ын хӕссӕм.

    Цӕй ’мӕ алкӕд Йегъовӕйы ном

    бӕрзонд кӕнӕм!

  3. 3. Дӕ нӕргӕ хъӕлӕс де знӕгты тас бауадздзӕн,

    Дӕ адӕмӕн та уӕд стыр цины бон уыдзӕн.

    Дӕ ном ысрухс кӕндзынӕ. Уыдзӕн бӕрӕг

    уӕд ӕцӕг:

    Ирвӕзын ды кӕныс.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ йӕ адӕмӕн у сӕ Къӕдзӕх,

    Ӕххуыс сын дӕтты ’мӕ сӕ ирвӕзын кӕны.

    Мах йӕ фӕрцы хъӕбатыр ыстӕм,

    кад ын хӕссӕм.

    Цӕй ’мӕ алкӕд Йегъовӕйы ном

    бӕрзонд кӕнӕм!

(Ноджыдӕр кӕс Пс. 18:1, 2; 144:1, 2.)