Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 УРОК

Фарстатӕ дӕтт

Фарстатӕ дӕтт

Матфейы 16:13–16

НЫСАН: Фарстатӕ дӕтт, цӕмӕй адӕймаджы бацымыдис кӕнай ӕмӕ йӕ фылдӕр базонын бафӕнда; цӕмӕй хъусджытимӕ иумӕ ахъуыды кӕнай ӕмӕ сӕйраг хъуыдытӕ рахицӕн кӕнай.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН

  • Адӕймаджы бацымыдис кӕн ӕмӕ архай, цӕмӕй йӕ фылдӕр базонын бафӕнда. Дзуапп дӕттын кӕмӕн нӕ хъӕуы ахӕм фарстатӕ дӕтт, цӕмӕй хъусджытӕ хъуыды кӕной кӕнӕ сӕ фарстайӕн дзуапп базонын бафӕнда.

  • Темӕйыл ахъуыды кӕн. Фарстаты фӕрцы хъусджытӕн баххуыс кӕн, цӕмӕй раст хъуыдымӕ ӕрцӕуой.

  • Ахсджиаг хъуыдытӕм сын сӕ хъус ӕрдар. Сӕйраг хъуыды зӕгъыны размӕ цымыдисаг фарста ратт. Ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм фарстатӕй спайда кӕн, ахсджиаг хъуыдытыл куы аныхас кӕнай, уӕд кӕнӕ дӕ ныхасы кӕрон.