Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

3 УРОК

Фарстатӕ дӕттӕ

Фарстатӕ дӕттӕ

Матфеййи 16:13–16

ДӔ НИСАН. Фарстатӕ дӕттӕ, цӕмӕй адӕймаги гъудити бафтауай ӕма ’й фулдӕр базонун бафӕндӕуа, удта цӕмӕй сӕйраг гъудитӕ баханхӕ кӕнай.

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Дӕ игъосгути гъудити бафтауӕ, цӕмӕй сӕ фулдӕр базонун бафӕндӕуа. Дзуапп дӕттун кӕбӕл нӕ гъӕуй, уӕхӕн фарстатӕ дӕттӕ, цӕмӕй игъосгутӕ сагъӕс кӕнонцӕ кенӕ сӕ бафӕндӕуа фарстабӕл дзуапп базонун.

  • Раст гъудимӕ аразӕ. Фарстати фӕрци игъосгутӕн ӕнхус кӕнӕ, цӕмӕй раст гъудимӕ ӕрцӕуонцӕ.

  • Ӕхсидзгӕ гъудитӕмӕ син сӕ гъос ӕрдарӕ. Сӕйраг гъуди зӕгъуни размӕ дӕ бон ӕй фарста раттун. Дӕ дзубандий кӕрон ба испайда кӕнӕ, ӕрмӕг зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнунмӕ ка банхус кӕндзӕй, уӕхӕн фарстатӕй.