Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 УРОК

Раст кӕс

Раст кӕс

1 Тимофеймӕ 4:13

НЫСАН: Текст раст кӕс.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН

  • Хорз цӕттӕ кӕн. Ахъуыды кӕн, уыцы скъуыддзаг цӕмӕн ӕрцыд фыст, ууыл. Кӕс хицӕн дзырдтӕ нӕ, фӕлӕ дзырдбӕстытӕ. Кӕсгӕ-кӕсын-иу дзырдтӕм ма ӕфтау, дзырдтӕ-иу ма фӕуадз кӕнӕ-иу сӕ ногӕй ма бакӕс. Дӕ хъус дар ӕрхӕцӕн нысӕнттӕм.

  • Алы ныхас дӕр раст кӕс. Кӕцыдӕр дзырд куыд кӕсын хъӕуы, уый куы нӕ зонай, уӕд-иу ӕй дзырдуаты фен, нӕ публикациты аудиозаписьтӕм хъус кӕнӕ, хорз чи кӕсы, ахӕм адӕймагӕн зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕна.

  • Дзырдтӕ сыгъдӕг дзур. Кӕсгӕ-кӕсын-иу дӕ сӕрыл хӕрдмӕ схӕц ӕмӕ-иу дӕ дзых дзӕбӕх гом кӕн. Архай, цӕмӕй алы дзырд дӕр сыгъдӕг дзурай.