Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 УРОК

Раст хъӕлӕсы уаг

Раст хъӕлӕсы уаг

Ӕмбисӕндтӕ 8:7

НЫСАН: Цӕмӕй дӕ хъуыдытӕ ӕнцонӕмбарӕн уой ӕмӕ зӕрдӕтӕ агайой, уый тыххӕй-иу кӕм хъӕрдӕр дзур, кӕм – сабырдӕр, кӕм бӕрзонддӕр хъӕлӕсӕй, кӕм – ныллӕгдӕр, кӕм – тагъддӕр, кӕм та – сындӕгдӕр.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН

  • Кӕм хъӕрдӕр дзур, кӕм – сабырдӕр. Цӕмӕй сӕйраг хъуыдытӕ рахицӕн кӕнай ӕмӕ хъусджыты архайынмӕ баразӕнгард кӕнай, уый тыххӕй хъӕрдӕр дзур. Хъӕрдӕр дзур, Библийы Хуыцауы тӕрхӕттӕ куы кӕсай, уӕд дӕр. Кӕд дӕ фӕнды зӕрдӕйы мӕт кӕнӕ тас равдисын, уӕд дзур сабыр хъӕлӕсӕй.

  • Дӕ хъӕлӕсы уаг ив. Дӕ хъӕлӕс-иу фӕбӕрзонддӕр кӕн, цӕмӕй равдисай циндзинад кӕнӕ, цыдӕр цӕйас у кӕнӕ, куыд дард у, уый. Маст ӕмӕ хъыг равдисыны тыххӕй та-иу дӕ хъӕлӕс фӕныллӕгдӕр кӕн.

  • Кӕм хъӕуа, уым-иу тагъддӕр дзур, кӕм хъӕуа – уым та сындӕгдӕр. Циндзинад равдисын куы хъӕуа, уӕд-иу тагъддӕр дзур, ахсджиаг хъуыдытӕ та сындӕгдӕр дзур.