Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 УРОК

Фӕлмӕн ныхас кӕн ӕмӕ иннӕты зын ӕмбар

Фӕлмӕн ныхас кӕн ӕмӕ иннӕты зын ӕмбар

1 Фессалоникӕгтӕм 2:7, 8

НЫСАН: Зӕрдиагӕй дзур ӕмӕ бӕрӕг уӕд, хъусджытыл кӕй тыхсыс.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН

  • Дӕ хъусджытыл хъуыды кӕн. Ахъуыды-иу кӕн, дӕ хъусджытӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ууыл ӕмӕ-иу бацархай, цӕмӕй сын сӕ зын бамбарай.

  • Дӕ ныхӕстыл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Архай, цӕмӕй хъусджыты дӕ ныхӕстӕй ныфс ӕмӕ тыхтӕ бауадзай ӕмӕ сӕ бафидар кӕнай. Дӕхи хиз, хъыг сӕм чи фӕкӕса, ахӕм ныхӕстӕй. Йегъовӕйыл чи не ’ууӕнды ӕмӕ йӕ диныл ӕнувыд чи у, уыдоны тыххӕй ӕвзӕрӕй мацы дзур.

  • Равдис, кӕй сыл тыхсыс. Дӕ ныхасы уагӕй ӕмӕ де уӕнгты змӕлдӕй бӕрӕг уӕд, дӕ хъусджытыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй тыхсыс. Дӕ хъус дар дӕ цӕсгомы змӕлдмӕ. Дӕ мидбылты-иу арӕх бахуд.