Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

12 УРОК

Фӕлмӕн дзурд кӕнӕ ӕма иннети зин лӕдӕрӕ

Фӕлмӕн дзурд кӕнӕ ӕма иннети зин лӕдӕрӕ

1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:7, 8

ДӔ НИСАН. Куд дзорис, уомӕй бӕрӕг уӕд, дӕ игъосгутӕбӕл ке тухсис.

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Дӕ игъосгутӕбӕл сагъӕс кӕнӕ. Расагъӕс кӕнӕ, дӕ игъосгутӕн цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕ фӕууй, уобӕл. Байархайӕ, цӕмӕй син сӕ зин балӕдӕрай.

  • Дӕ дзурдтӕбӕл лӕмбунӕг расагъӕс кӕнӕ. Уӕхӕн дзурдтӕ ӕвзарӕ, цӕмӕй дӕ игъосгути нифс бафедар кӕнай ӕма си хъауритӕ бауадзай. Йеговӕбӕл ка не ’ууӕндуй ӕма ӕ дин ка уарзуй, уони хӕццӕ дзоргӕй дӕхе хезӕ, гъулӕг сӕмӕ ка фӕккӕсдзӕй, уӕхӕн дзубандитӕй.

  • Ӕвдесӕ, ке сӕбӕл тухсис. Куд дзорис, уомӕй ӕма де ’уӕнгти ’змӕлдӕй бӕрӕг уӕд, дӕ игъосгутӕбӕл ӕгас зӕрдӕй ке тухсис. Дӕ цӕсгони ӕвӕрдмӕ дӕ гъос дарӕ ӕма арӕхдӕр баходисӕ.