Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

13 УРОК

Царди кӕми багъӕудзӕй, уой лӕдӕрун кӕнӕ

Царди кӕми багъӕудзӕй, уой лӕдӕрун кӕнӕ

Ӕмбесӕндтӕ 3:21

ДӔ НИСАН. Игъосгутӕн балӕдӕрун кӕнӕ, цӕбӕл дзорис, е сӕ цардмӕ куд хауй ӕма уомӕ гӕсгӕ архайӕн куд ес, уой.

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Дӕ игъосгутӕбӕл сагъӕс кӕнӕ. Расагъӕс кӕнӕ, ци дзорис, уой зонун сӕ цӕмӕн гъӕуй ӕма син фулдӕр пайда ци уодзӕй, уобӕл.

  • Бавдесӕ, цӕбӕл дзорис, уомӕй пайда кӕнун куд ӕнгъезуй, уой. Уотӕ дзорӕ, цӕмӕй игъосгутӕй алкедӕр расагъӕс кӕна, айӕ мӕнмӕ хауй, зӕгъгӕ. Алли сӕйраг гъудий фӕсте дӕр балӕдӕрун кӕнӕ, царди кӕми багъӕуй, уой. Гъуддаг, уӕлӕнгай нӕ, фал дзӕбӕх балӕдӕрун кӕнӕ.