Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

14 УРОК

Сӕйраг гъудитӕ баханхӕ кӕнисӕ

Сӕйраг гъудитӕ баханхӕ кӕнисӕ

Дзиуиттӕгтӕмӕ 8:1

ДӔ НИСАН. Уотӕ дзорӕ, цӕмӕй дӕмӕ игъосгутӕ лӕмбунӕг игъосонцӕ. Бӕрӕг уӕд, сӕйраг гъудитӕй алкӕцидӕр дӕ радзубандий нисан ӕма сӕргонди хӕццӕ куд баст ӕй, е.

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Дӕ рази нисан исӕвӕрӕ. Дӕхе бафӕрсӕ: «Мӕ радзубандий нисан ци ӕй? Цӕмӕй игъосгути цӕхуӕндӕр гъуддагмӕ баразӕнгард кӕнон ӕви цӕмӕй цидӕр базононцӕ кенӕ цӕбӕлдӕр баууӕндонцӕ?» Уой фӕсте ба дӕ дзубанди уомӕ гӕсгӕ аразӕ. Байархайӕ, цӕмӕй сӕйраг гъудити фӕрци дӕ нисан дӕ къохи бафтуйа.

  • Дӕ дзубандий сӕр бӕрӕг куд уа, уобӕл архайӕ. Радзубандий рӕстӕг дӕ теми сӕйраг дзурдтӕй арӕхдӕр пайда кӕнӕ.

  • Архайӕ, цӕмӕй сӕйраг гъудитӕ ӕнцонлӕдӕрӕн уонцӕ. Дзорӕ, дӕ радзубандий сӕри хӕццӕ баст ка ӕй, еци сӕйраг гъудитӕбӕл, цӕмӕй сӕ хуарз балӕдӕрун кӕнай ӕма дӕ рӕстӕгӕй ма рахезай. Сӕйраг гъудитӕ ӕгӕр берӕ ма уӕнтӕ. Алкӕцийдӕр си дзӕбӕх балӕдӕрун кӕнӕ ӕма нӕуӕг гъудимӕ рахезуни размӕ минкъий ӕрлӕууисӕ.