Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

15 УРОК

Фидарӕй дзур

Фидарӕй дзур

Ромӕгтӕм 8:38, 39

НЫСАН: Афтӕ дзур, цӕмӕй бӕрӕг уа, цы дзурыс, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыс ӕмӕ уый ахсджиагыл кӕй нымайыс.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН

  • Хорз цӕттӕ кӕн. Ӕрмӕг цӕттӕ кӕн, цалынмӕ нӕ бамбарай, дӕ бон куыд у хъусджытӕн Библийы фӕрцы баххуыс кӕнын, цӕмӕй раст хъуыдымӕ ӕрцӕуой. Дӕ ныхасы райдиан сӕйраг хъуыдытӕ цалдӕр хуымӕтӕг ныхасӕй зӕгъ. Хъуыды кӕн, уый хъусджытӕн куыд баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Хуыцауӕй сыгъдӕг тых кур.

  • Фидарӕй цӕуыл ӕууӕндыс, уый бӕрӕг кӕмӕй уыдзӕн, ахӕм ныхӕстӕй пайда кӕн. Публикацийы ӕрмӕг куыд фыст у, афтӕ дзурыны бӕсты йӕ дӕхи ныхӕстӕй радзур. Пайда кӕн ахӕм дзырдтӕй, цӕмӕй бӕрӕг уа, цы дзурыс, уый дӕ фидарӕй кӕй уырны.

  • Фидарӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй дзур. Дӕ ныхас дзӕбӕх куыд хъуыса, афтӕ дзур. Кӕд ӕмбӕлы, уӕд-иу хъусджытӕм кӕс.