20 УРОК
Хуарз кӕронбӕттӕн
Екклесиаст 12:13, 14
ДӔ НИСАН. Фӕстаг дзурдтӕ уотӕ зӕгъӕ, цӕмӕй игъосгути бафӕндӕуа, ци фегъустонцӕ, уомӕ гӕсгӕ архайун.
УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:
-
Кӕронбӕттӕн гъӕуама баст уа дӕ дзубандий сӕри хӕццӕ. Игъосгутӕн сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕ сӕйраг гъудитӕ ӕма дзубандий сӕр.
-
Архайунмӕ баразӕнгард кӕнӕ. Игъосгутӕн балӕдӕрун кӕнӕ, ци кӕнун сӕ гъӕуй, уой ӕма цӕмӕн. Дзорӕ зӕрдиагӕй ӕма федарӕй.
-
Дӕ кӕронбӕттӕн гъӕуама уа хумӕтӕг ӕма цубур. Нӕуӕг гъудитӕ дзорун мабал райдайӕ. Дӕ бон ӕй кӕронбӕттӕни игъосгути цалдӕр дзурдемӕй дӕр архайунмӕ баразӕнгард кӕнун.