Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

04 УРОК

Чи у Хуыцау?

Чи у Хуыцау?

Адӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр бирӕ алыхуызон хуыцӕуттӕн кувынц. Фӕлӕ Библийы фыст ис, кӕй ис ӕрмӕстдӕр иу Хуыцау. Ӕмӕ уыцы Хуыцау у «ӕппӕт хуыцӕуттӕй кадджындӕр» (2 Азфыстыты 2:5). Чи у уыцы Хуыцау? Ӕмӕ, адӕм кӕмӕн кувынц, ӕппӕт уыцы хуыцӕуттӕй кадджындӕр цӕмӕн у? Ацы урокӕй базондзынӕ, Хуыцау йӕхи тыххӕй цы дзуры, уый.

1. Хуыцауӕн йӕ ном куыд у ӕмӕ цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ном зонӕм?

Библийы Хуыцау йӕхи тыххӕй зӕгъы: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном». (Бакӕс Исайы 42:5, 8.) Бирӕ ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы ном, «Йегъовӕ», дзуттагау нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ном зонӕм (Рацыд 3:15). Уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ Библийы йӕ ном ӕмбӕлы 7 000 хаттӕй фылдӕр a. О, уый у «иунӕг ӕцӕг Хуыцау уӕлейӕ арвыл ӕмӕ бынӕй зӕххыл», ӕмӕ йӕ ном у Йегъовӕ (Дыккаг закъон 4:39).

2. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй цы фыст ис?

Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, кӕд адӕм бирӕ хуыцӕуттӕн кувынц, уӕддӕр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у «Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн». (Бакӕс Псалом 83:18.) Уый у «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау», ома йӕ бон цыфӕнды дӕр у саразын. Ӕппӕт дӕр уый сфӕлдыста – Дун-дуне дӕр, зӕхх дӕр ӕмӕ йыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр (Раргомад 4:8, 11). Йегъовӕ алкӕддӕр уыд ӕмӕ алкӕддӕр уыдзӕн (Псалом 90:2).

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, Хуыцауӕн йӕ титултӕ йӕ номӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц. Стӕй ма базон, йӕ ном нын куыд ӕмӕ цӕмӕн раргом кодта, уый.

3. Хуыцауӕн ис бирӕ титултӕ, фӕлӕ йын ис иу ном

Базон, титул номӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый. Уый тыххӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Зӕгъӕм, титул «Хицау» номӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

Библийы фыст ис, адӕм бирӕ хуыцӕуттӕн кӕй кувынц. Бакӕсут Псалом 136:1–3 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Чи у «хуыцӕутты Хуыцау» ӕмӕ «хицӕутты Хицау»?

4. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ном зонай ӕмӕ йӕ йӕ номӕй хонай

Цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ном зонай? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ном зонӕм?

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм йӕ номӕй хоной. Бакӕсут Ромӕгтӕм 10:13 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Хуыцаумӕ йӕ номӕй дзурын ахсджиаг цӕмӕн у?

  • Исчи дын дӕ ном куы бахъуыды кӕны ӕмӕ дӕм дӕ номӕй куы фӕдзуры, уӕд дын ӕхсызгон нӕ вӕййы?

  • Куыд дӕм кӕсы, Йегъовӕмӕ йӕ номӕй куы фӕдзурыс, уӕд ын ӕхсызгон нӕ вӕййы?

5. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар суай

Камбоджӕйӕ иу сылгоймаг, Сотен, Хуыцауы ном куы базыдта, уӕд ахӕм циндзинад бавзӕрста, ӕмӕ йӕ ницӕимӕ ис абарӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Сотеныл куыд бандӕвта, Хуыцауы ном кӕй базыдта, уый?

Цӕмӕй искӕимӕ хорз хӕлӕрттӕ суат, уый тыххӕй уал ын хъуамӕ фыццаг йӕ ном базонай. Бакӕсут Иаковы 4:8a ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Йегъовӕ дын цы дзуры?

  • Хуыцаумӕ йӕ номӕй куы дзурай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ хӕлар суай?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Хуыцау иу у ӕмӕ йын ном цӕмӕн хъӕуы? Йӕ ном у Хуыцау».

  • Уырны дӕ, Хуыцауӕн йӕ ном Йегъовӕ кӕй у?

  • Искӕмӕн куыд бамбарын кӕнис, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм йӕ номӕй дзурӕм?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йегъовӕ у иунӕг ӕцӕг Хуыцауы ном. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йын йӕ ном зонӕм ӕмӕ йын йӕ ном дзурӕм. Афтӕмӕй йӕм ӕввахс кӕндзыстӕм.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Йегъовӕ цӕмӕй хицӕн кӕны, адӕм цы хуыцӕуттӕм кувынц, уыдонӕй?

  • Хуыцаумӕ йӕ номӕй дзурын цӕмӕн хъӕуы?

  • Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суӕм?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Хуыцау кӕй ис, уымӕн фондз бӕлвырдгӕнӕнмӕ ӕркӕс.

«Хуыцау ӕцӕгдӕр ис?» (интернет-статья)

Базон, Хуыцау алкӕддӕр кӕй уыд, ууыл цӕмӕн ис ӕууӕндӕн.

«Хуыцауы чи скодта?» (2014 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Базон, Хуыцауы ном цӕмӕн хъуамӕ дзурӕм, кӕд ӕй раджы заманты куыд дзырдтой, уый бӕрӕг нӕу, уӕддӕр.

«Чи у Йегъовӕ?» (интернет-статья)

Хуыцауы куыд хонӕм, уый исты уӕлдай у? Базон, цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауӕн иу ном йеддӕмӕ нӕй.

«Хуыцауӕн цал номы ис?» (интернет-статья)

a Хуыцауы номы тыххӕй ӕмӕ, уыцы ном Библийы иуӕй-иу тӕлмацтӕй цӕмӕн айстой, уый тыххӕй дӕ бон у фылдӕр базонын брошюрӕйӕ «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 1 хай, «Хуыцауы ном Дзуттаг Фыстыты».