Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

05 УРОК

Библи у Хуыцауы Ныхас

Библи у Хуыцауы Ныхас

Йегъовӕ нын скодта диссаджы лӕвар – Библи. Библийы ис 66 чиныджы. Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс, цымӕ йӕ чи ныффыста, зӕгъгӕ? Цӕй ӕмӕ ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм.

1. Кӕд Библи адӕм ныффыстой, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Хуыцауӕй у?

Библи фыстой иу-40 нӕлгоймаджы, фыстой йӕ 1 600 азы бӕрц, нӕ эрӕйы размӕ 1513 азӕй нӕ эрӕйы 98 азмӕ. Чи йӕ фыста, уыдоны ’хсӕн уыд фыййӕуттӕ, кӕсагахсджытӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ. Фӕлӕ Библийы иу хъуыды дӕр иннӕйы ныхмӕ нӕу. Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ уыцы нӕлгоймӕгтӕ фыстой Хуыцауы хъуыдытӕ, сӕхи хъуыдытӕ нӕ, фӕлӕ. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13.) Уыдон «дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» (2 Петры 1:21) a. Хуыцау сын йӕ хъуыдытӕ ныффыссын кодта йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы (2 Тимофеймӕ 3:16).

2. Библи пайда кӕмӕн у?

Хуыцау Библи радта «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн», ӕмӕ дзы цы хорз хабар ис, уый пайда у алкӕмӕн дӕр. (Бакӕс Раргомад 14:6.) Библи цал ӕвзагыл ис, уыйбӕрц ӕвзӕгтыл иу чиныг дӕр нӕй. Зӕгъӕн ис, абон алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон у Библи кӕсын, кӕмфӕнды ма цӕра ӕмӕ цыфӕнды ӕвзагыл ма дзура, уӕддӕр.

3. Йегъовӕ Библи куыд бахъахъхъӕдта?

Библи фыстой, зӕгъӕм, фосы цармыл ӕмӕ папирусыл, ӕмӕ уыдон та бирӕ нӕ лӕууыдысты. Фӕлӕ, Библи чи уарзта, уыдон дзы къопитӕ кодтой. Кӕд иуӕй-иу хицӕуттӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ Библи фесафыныл архайдтой, уӕддӕр уыди ахӕм адӕм, ӕмӕ Библи бахъахъхъӕныны тыххӕй сӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ ӕппӕрстой. Йегъовӕйы ничи ӕмӕ ницы бахъыгдардзӕн немӕ ныхас кӕнын. Библийы фыст ис: «Нӕ Хуыцауы ныхас... уыдзӕн ӕнустӕм» (Исай 40:8).

ФЫЛДӔР БАЗОН

Фылдӕр базон, Хуыцау Библи куыд ныффыссын кодта ӕмӕ йӕ куыд бахъахъхъӕдта, уый тыххӕй. Стӕй ма базон, цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр сӕ бон кӕсын уа.

4. Библийӕ нӕ бон у базонын, кӕй хъуыдытӕ дзы ис фыст, уый

Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ. Уый фӕстӕ бакӕсут 2 Тимофеймӕ 3:16 ӕмӕ аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Кӕд Библи адӕм ныффыстой, уӕд ӕй Хуыцауы Ныхас цӕмӕн хонынц?

  • Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцауӕн йӕ бон уыд адӕмӕн йӕ хъуыдытӕ ныффыссын кӕнын?

Кӕд писмо секретарь ныффыссы, уӕддӕр дзы фыст вӕййынц йӕ хицауы хъуыдытӕ. Раст афтӕ, Библи дӕр адӕм фыстой, фӕлӕ дзы фыст сты Хуыцауы хъуыдытӕ

5. Библи фесафынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ уӕддӕр нӕ рӕстӕгмӕ ӕрхӕццӕ

Кӕд Библи Хуыцауы Ныхас у, уӕд ӕй фесафын куыд хъуамӕ бауагътаид? Историйы дӕргъы иуӕй-иу хицӕуттӕ архайдтой Библи фесафыныл. Дины разамонджыты та нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ хуымӕтӕг адӕм кастаиккой. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕтӕ Библи бахъахъхъӕныны тыххӕй сӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уыдысты. Базон иу ахӕм адӕймаджы тыххӕй. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Библи бахъахъхъӕныны тыххӕй бирӕтӕ цас сарӕзтой, уый базонгӕйӕ дӕ Библи кӕсын ноджы тынгдӕр нӕ бафӕндыд? Цӕмӕн?

Бакӕсут Псалом 119:97 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Бирӕтӕ сӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ цӕмӕн уыдысты, цӕмӕй Библи ратӕлмац кодтаиккой ӕмӕ йӕ апарахат кодтаиккой?

6. Чиныг ӕппӕт адӕмӕн дӕр

Библи цал ӕвзагмӕ тӕлмац у ӕмӕ куыд парахат у, афтӕ иу чиныг дӕр нӕ. Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Хуыцауы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ Ныхас уыйбӕрц ӕвзӕгтӕм тӕлмац ӕрцыдаид ӕмӕ афтӕ апарахат уыдаид?

  • Библийы тыххӕй цы базыдтай, уымӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы фӕцыд?

Зӕгъӕн ис, зӕххыл

АЛКӔМӔН ДӔР

йӕ бон у Библи кӕсын, кӕй ӕмбары, уыцы ӕвзагыл

Библи ис

3 000

ӕвзагӕй фылдӕрыл

ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ

5 000 000 000

Библийы тираж у

цыфӕнды чиныджы тиражӕй дӕр бирӕ фылдӕр

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Библи у рагон чиныг, стӕй йӕ адӕм ныффыстой».

  • Ды та цы хъуыды кӕныс?

  • Цӕмӕй бӕрӕг у, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Библи у Хуыцауы Ныхас, ӕмӕ Хуыцау батыхст, цӕмӕй йӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон кӕсын уа.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Адӕм Библи Хуыцауы фӕндӕй кӕй фыстой, уый цы нысан кӕны?

  • Ацы урочы Библийы тыххӕй цы базыдтай, уымӕй дӕм ӕппӕты диссагдӕр цы фӕкаст?

  • Цӕмӕй дӕ бон Библи кӕсын уа, уый тыххӕй Хуыцау цас сарӕзта, уый дын цӕуыл дзурӕг у?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Библийы истори – рагон къухфыстытӕй нырыккон тӕлмацты онг.

«Библи нӕ рӕстӕгмӕ куыд ӕрхӕццӕ» (2007 азы ноябры «Райхъал ут!»)

Базон, Библи нӕ рӕстӕгмӕ куыд ӕрхӕццӕ, кӕд ын фесӕфынӕй тӕссаг уыд, уӕддӕр.

«Библи нӕ рӕстӕгмӕ куыд ӕрхӕццӕ?» («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», № 4, 2016)

Бакӕс, иуӕй-иутӕ сӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ куыд ӕппӕрстой, цӕмӕй Библи ратӕлмац кодтаиккой, уый тыххӕй.

«Уыдон тынг уарзтой Библи» (14:26)

Библийӕн бирӕ къопитӕ скодтой ӕмӕ йӕ бирӕ хӕттыты ратӕлмац кодтой. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, райдианы дзы фыст цы ’рцыд, уый кӕй нӕ фӕивта?

«Библийы исты ивд ӕрцыд?» (интернет-статья)

a Сыгъдӕг тых у Хуыцауы архайгӕ тых. Ууыл дзырд цӕудзӕн 07 урочы.