Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

09 УРОК

Хуыцаумӕ кув, ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕн

Хуыцаумӕ кув, ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕн

Чи зоны, искуы ахӕм уавӕры уыдтӕ, ӕмӕ, куыд бакӕнай, уый нӕ зыдтай. Кӕнӕ дӕ цавӕрдӕр ахсджиаг фарстатӕн дзуапп базонын фӕнды. Йе та истӕуыл маст кӕныс кӕнӕ цӕуылдӕр тыхсыс, ӕмӕ дӕ фӕнды удӕнцой ссарын. Кӕнӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уай. Ӕппӕт ацы уавӕрты дын баххуыс кӕндзӕн иу хъуыддаг – Хуыцаумӕ кувын. Фӕлӕ кувын куыд хъӕуы? Хуыцау алы куывд дӕр хъусы? Хуыцау дын дӕ куывдтытӕ кӕд хъусдзӕн? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм.

1. Кӕмӕ хъуамӕ кувӕм ӕмӕ нӕ бон цӕй тыххӕй у кувын?

Йесо дзырдта, ӕрмӕстдӕр нӕ уӕларвон Фыдмӕ кӕй хъуамӕ кувӕм. Йӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕмӕ куывта. Йесо загъта: «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: „Нӕ уӕларвон Фыд...“» (Матфейы 6:9). Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд ӕм баввахсдӕр вӕййӕм.

Нӕ бон у Хуыцаумӕ алцӕй тыххӕй дӕр кувын. Фӕлӕ нын цӕмӕй нӕ куывдтытӕ хъуса, уый тыххӕй хъуамӕ уой йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ. «Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоанны 5:14). Йесо загъта, нӕ бон кувын цӕй тыххӕй у. (Бакӕс Матфейы 6:9–13.) Нӕ бон у кувын, цы нӕ тыхсын кӕны ӕмӕ нӕ цы хъӕуы, уыдӕтты тыххӕй. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ Хуыцауӕн бузныг дзурӕм, цы хорздзинӕдтӕ нын аразы, уыдӕтты тыххӕй дӕр. Стӕй ма йӕм нӕ бон у кувын иннӕты тыххӕй дӕр.

2. Куыд хъуамӕ кувӕм?

Библийы фыст ис: «Ӕргом... кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ [Хуыцауӕн]» (Псалом 62:8). Уӕдӕ нӕ куывдтытӕ хъуамӕ нӕ зӕрдӕйӕ цӕуой. Нӕ бон ӕм у кувын хъӕрӕй кӕнӕ нӕхинымӕр, стӕй кӕмфӕнды дӕр ӕмӕ кӕдфӕнды дӕр. Ӕмӕ цымӕ исты уӕлдай у, нӕ уӕрджытыл ӕм кувӕм, бадгӕйӕ ӕви лӕугӕйӕ? Уый афтӕ ахсджиаг нӕу. Ахсджиагдӕр у, цӕмӕй бӕрӕг уа, кӕй йын кад кӕнӕм.

3. Хуыцау нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд дӕтты?

Йегъовӕ нын дзуапп ратты алыхуызӕтты. Зӕгъӕм, арӕх нӕ фарстатӕн дзуапп ссарӕм йӕ Ныхасы. Библийы цы фыст ис, уый «зондджын кӕны ӕвӕлтӕрды» (Псалом 19:7; бакӕс Иаковы 1:5). Зындзинӕдты рӕстӕг нын Хуыцау нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕны. Ӕххуыс нӕ куы фӕхъӕуы, уӕд та нын арӕх баххуыс кӕны йӕ лӕггадгӕнджыты уылты.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цавӕр куывдтытӕ цӕуынц ӕмӕ йӕм куы кувай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн.

4. Хуыцау алы куывд нӕ хъусы

Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ хъусдзӕн ӕви нӕ, уый цӕмӕй кӕнгӕ у? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм. Бакӕсут Псалом 65:2 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцауы» фӕнды, цӕмӕй йӕм кувай? Афтӕ цӕмӕн зӕгъыс?

Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ хъуса, уӕд хъуамӕ архайӕм йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл. Бакӕсут Михейы 3:4 ӕмӕ 1 Петры 3:12 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ кӕд хъусдзӕн?

Хӕсты рӕстӕг дыууӕ ӕфсадӕй алкӕцы дӕр фӕкувы, цӕмӕй фӕуӕлахиз уа. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцау уыцы куывдтытӕн дзуапп ратта?

5. Нӕ куывдтытӕ хъуамӕ цӕуой нӕ зӕрдӕйӕ

Иуӕй-иутӕ кувгӕйӕ уыцы иу ныхӕстӕ фӕкӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕ афтӕ сахуыр кодтой. Фӕлӕ цымӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм афтӕ кувӕм? Бакӕсут Матфейы 6:7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, цы ис саразӕн, цӕмӕй-иу Хуыцаумӕ кувгӕйӕ «уыцы иу ныхӕстӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй» ма дзурай?

Алы бон дӕр-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон цӕй тыххӕй у Йегъовӕйӕн бузныг зӕгъын ӕмӕ-иу ын стӕй бузныг зӕгъ. Къуырийы дӕргъы алы бон дӕр афтӕ куы кӕнай, уӕд къуырийы кӕронмӕ Хуыцауимӕ аныхас кӕндзынӕ авд алыхуызон хъуыддагыл.

Хорз фыды фӕнды, цӕмӕй йын йӕ сывӕллон дзура, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Афтӕ Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕм зӕрдӕбынӕй кувӕм

6. Нӕ бон кувын кӕй у, уый у Хуыцауы лӕвар

Хорз рӕстӕджыты дӕр ӕмӕ ӕвзӕр рӕстӕджыты дӕр Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм, уый нын куыд баххуыс кӕны? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

Библи зӕгъы, Хуыцаумӕ-иу куы скувӕм, уӕд-иу нӕ зӕрдӕ кӕй ӕрсабыр уыдзӕн. Бакӕсут Филиппӕгтӕм 4:6, 7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Кӕд, Хуыцаумӕ куы скувӕм, уӕд алы хатт нӕ зындзинӕдтӕй нӕ фервӕзӕм, уӕддӕр нын уый куыд баххуыс кӕны?

  • Цӕй тыххӕй дӕ фӕнды Хуыцаумӕ скувын?

Зыдтай йӕ?

Дзырд «аммен» нысан кӕны «афтӕ уӕд» кӕнӕ «раст у». Раджы замантӕй нырмӕ «аммен» фӕзӕгъынц куывды кӕрон (1 Азфыстыты 16:36).

7. Кувынӕн-иу рӕстӕг рахицӕн кӕн

Хатт ахӕм ӕнӕвдӕлон вӕййӕм, ӕмӕ нӕ скувын дӕр ферох вӕййы. Йесо та кувынмӕ цы цӕстӕй каст? Бакӕсут Матфейы 14:23 ӕмӕ Марчы 1:35 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Йесо-иу Хуыцаумӕ скувынӕн рӕстӕг куыд ссардта?

  • Дӕ бон-иу кӕд уаид Хуыцаумӕ скувын?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Кувон, ма кувон – уӕддӕр мын Хуыцау мӕ куывдтытӕ нӕ хъусы».

  • Ахӕм адӕймагӕн цы зӕгъис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй куы фӕкувӕм, уӕд ӕм баввахсдӕр вӕййӕм, нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы, стӕй нӕм тыхтӕ фӕзыны, цӕмӕй, ӕхсызгон ын цы у, уый аразӕм.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Кӕмӕ хъуамӕ кувӕм?

  • Куыд хъуамӕ кувӕм?

  • Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Бирӕтӕ кувыны тыххӕй арӕхдӕр цы фарстатӕ фӕдӕттынц, уыдонӕн дзуапп базон.

«Кувын куыд хъӕуы? Дзуапп авд фарстайӕн» (2010 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Базон, кувын ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕ куывдтытӕ мидисджындӕр уой.

«Кувын цӕмӕн хъӕуы?» (интернет-статья)

Базон, Библийы цы фыст ис, кувын кӕмӕ хъӕуы, уый тыххӕй.

«Сыгъдӕджытӕм кувӕн ис?» (интернет-статья)

Ацы музыкалон видеороликӕй базондзынӕ, кӕд ӕмӕ кӕм фӕкувӕм, уый ахсджиаг у ӕви нӕ.

«Ӕдзухдӕр кув» (1:22)