Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 УРОК

Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Библи ахуыр кӕнай?

Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Библи ахуыр кӕнай?

Иуӕй-иутӕм Библи ахуыр кӕнын зын кӕсы. Фӕлӕ уый бирӕ арфӕдзинӕдтӕ хӕссы. Чи зоны, хатт ахъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, мӕ бон нӕ бауыдзӕн Библи дарддӕр ахуыр кӕнын. Фӕлӕ цымӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ цӕмӕн у? Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ ахуыр ма ныууадзай, зындзинӕдтыл куы ’мбӕлай, уӕд дӕр?

1. Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

«Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых» (Дзуттӕгтӕм 4:12). Библи иу чиныгимӕ дӕр абарӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ дзы фыст сты Хуыцауы хъуыдытӕ. Стӕй дзы дӕ бон у базонын, Хуыцау дӕ бирӕ кӕй уарзы, уый. Библийы фӕрцы ӕрмӕст бирӕ цыдӕртӕ нӕ базондзынӕ, фӕлӕ ма сахуыр уыдзынӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ дын фидӕнӕй ныфс фӕзындзӕн. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ Библийы фӕрцы Йегъовӕйы хӕлар суыдзынӕ. Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд дӕ цард хуыздӕрырдӕм аивдзӕн.

2. Библийы рӕстдзинад куыд зынаргъ у, уый ӕмбарын ахсджиаг цӕмӕн у?

Библийы рӕстдзинад абарӕн ис зынаргъ хӕзнаимӕ. Ӕмӕ Библи дӕр афтӕ уымӕн зӕгъы: «Балхӕн рӕстдзинад ӕмӕ йӕ ма ауӕй кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 23:23). Библийы рӕстдзинад куыд зынаргъ у, уый куы нӕ рох кӕнай, уӕд дарддӕр Библи ахуыр кӕндзынӕ, зын дын куы уа, уӕд дӕр. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:4, 5.)

3. Йегъовӕ дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр Библи ахуыр кӕнай?

Йегъовӕ у де Сфӕлдисӕг ӕмӕ дӕ Хӕлар, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ базонай. Уымӕ гӕсгӕ дын «хъару» дӕтдзӕн, цӕмӕй йын йӕ Ныхас ахуыр кӕнай. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:13; 4:13.) Уӕдӕ дын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ фӕнда Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ, цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ архайын. Стӕй-иу исты зындзинадыл куы сӕмбӕлай кӕнӕ-иу дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд-иу дын фидар фӕлӕууынӕн хъарутӕ ратдзӕн. Ӕдзух Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна, ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын ма ныууадзай (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17).

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр Библи ахуыр кӕнай, тынг ӕнӕвдӕлон куы уай кӕнӕ иннӕтӕ дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд дӕр. Стӕй ма базон, уыцы хъуыддаджы дын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕндзӕн.

4. Библийы ахуыр дын фыццаг бынаты уӕд

Хатт адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йын Библи ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг нӕй. Ахӕм уавӕры цы уаид саразӕн? Бакӕсут Филиппӕгтӕм 1:10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, царды ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

  • Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Библи ахуыр кӕнын дын царды фыццаг бынаты кӕй ис?

  1. 1. Ведрайы фыццаг змис куы ныккӕнай, уӕд дзы дуртӕ нал бацӕудзысты

  2. 2. Ведрайы фыццаг дуртӕ куы нывӕрай, уӕд дзы змис дӕр бацӕудзӕн. Раст афтӕ, «ахсджиагдӕр цы у», уый дын царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд-иу дын ӕндӕр хъуыддӕгтӕн дӕр рӕстӕг баззайдзӕн

Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ хъуамӕ Хуыцауы зона ӕмӕ йын лӕггад кӕна. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ Библи ахуыр кӕна. Бакӕсут Матфейы 5:3 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Библи ахуыр кӕнын нын фыццаг бынаты куы уа, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн?

5. Фидар-иу фӕлӕуу, дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд

Хатт-иу, гӕнӕн ис, иннӕтӕ дӕ ныхмӕ цӕуой, цӕмӕй Библи мауал ахуыр кӕнай. Афтӕ уыд йӕ хабар Франческойӕн дӕр. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Франческойӕн йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ йӕ мад цы цӕстӕй кастысты, Библийӕ-иу цы базыдта, уый-иу сын кӕй дзырдта, уымӕ?

  • Фидар кӕй фӕлӕууыд, уый тыххӕй йын Хуыцау куыд раарфӕ кодта?

Бакӕсут 2 Тимофеймӕ 2:24, 25 ӕмӕ аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Библи кӕй ахуыр кӕныс, уымӕ дӕ бинонтӕ ӕмӕ де ’мбӕлттӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

  • Ацы стихтӕм гӕсгӕ, дӕхи куыд хъуамӕ дарай, Библи кӕй ахуыр кӕныс, уый искӕй зӕрдӕмӕ куы нӕ цӕуа, уӕд? Цӕмӕн?

6. Дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар

Йегъовӕмӕ цас ӕввахсдӕр кӕнӕм, уыйас нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын. Фӕлӕ цӕмӕй, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ, чи зоны, нӕ царды цыдӕртӕ фӕивын бахъӕуы. Уый хатт ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд – Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕныны тыххӕй Джим йӕ цард куыд аивта?

  • Йӕ хабар дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй фӕцыд?

Бакӕсут Дзуттӕгтӕм 11:6 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Йегъовӕ цы аразы, зӕрдиагӕй чи архайы, цӕмӕй йӕ базона ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕна, уыдонӕн?

  • Ацы стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуы, Библи ахуыр кӕныныл кӕй архайыс, уый? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Библи ахуыр кӕнын дын цы пайда у?»

  • Исчи дӕ афтӕ куы бафӕрсид, уӕд ын цавӕр дзуапп раттис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Библи ахуыр кӕнын алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр куы ахуыр кӕнай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй амондджынӕй ӕнустӕм цӕрай. Дӕ ныфс амӕй фӕстӕмӕ дӕр Йегъовӕйыл дар, ӕмӕ дын ӕнӕмӕнгӕй раарфӕ кӕндзӕн.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Библийы рӕстдзинад дын зынаргъ цӕмӕн у?

  • Дӕ бон куыд у, «ахсджиагдӕр цы у, уый» сбӕлвырд кӕнын?

  • Йегъовӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ кувай, цӕмӕй дын дарддӕр дӕр Библи ахуыр кӕнынӕн ӕххуыс кӕна?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, бирӕтӕн цавӕр цыппар уынаффӕйы баххуыс кодтой, цӕмӕй сӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕной.

«Рӕстӕгӕй раст пайда кӕнӕн куыд ис?» (2014 азы февралы «Райхъал ут!», уырыссаг)

Иу сылгоймаджы фӕндыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, фӕлӕ уый йӕ сӕрыхицауы зӕрдӕмӕ нӕ цыд. Базон, Йегъовӕ уыцы сылгоймагӕн куыд баххуыс кодта.

«Йегъовӕ нын нӕ уаргъ хӕссынӕн ӕххуыс кӕны» (5:05)

Базон, иу нӕлгоймагӕн куыд баххуыс кодта, йӕ бинойнаг фидар кӕй фӕлӕууыд, уый.

«Рӕстдзинад тӕрхонгӕнӕгау раиртӕстон» (6:30)

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты иуӕй-иу хатт фӕаххосджын кӕнынц, зӕгъгӕ, дам, бинонты цард халынц. Фӕлӕ цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у?

«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бинонты цард халынц?» (интернет-статья)