Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

15 УРОК

Чи у Йесо Чырысти?

Чи у Йесо Чырысти?

Историйы стыр фӕд чи ныууагъта, уыцы адӕмӕй иу у Йесо Чырысти. Чидӕртӕ йын, зӕгъӕн ис, йӕ ном йеддӕмӕ ницы зонынц. Бирӕтӕ та алыхуызон хъуыдытыл хӕст сты, чи у, уый тыххӕй. Цымӕ Библийы та Йесойы тыххӕй цы фыст ис?

1. Чи у Йесо Чырысти?

Йесо у хъомысджын зӕд ӕмӕ цӕры уӕлӕрвты. Йегъовӕ йӕ сфӕлдыста ӕппӕты фыццаг. Ӕмӕ Библийы дӕр афтӕ уымӕн ис фыст, зӕгъгӕ, уый у, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Колоссӕгтӕм 1:15). Библи йӕ хоны Хуыцауы «иунӕггуырд Фырт», уымӕн ӕмӕ йӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг иунӕгӕй сфӕлдыста (Иоанны 3:16, фиппаинаг). Йесо ӕдзухдӕр уыд йӕ Фыды фарсмӕ, ӕмӕ Йегъовӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдӕттӕ сфӕлдыста Йесоимӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 8:30.) Абон дӕр Йесо ӕмӕ Йегъовӕ тынг ӕнгом сты. Йесо у Хуыцауы минӕвар, ома «Дзырд», ӕмӕ Хуыцауы ныхӕстӕ ӕмӕ амындтӕ зӕдтӕм ӕмӕ адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕны (Иоанны 1:14).

2. Йесо зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд?

Иу-2 000 азы размӕ Йегъовӕ сарӕзта стыр диссаг – йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ Фырты цард уӕларвӕй ӕнӕвнӕлд чызг Марийӕйы хуылфмӕ рахаста. Афтӕмӕй Йесо райгуырд зӕххыл. (Бакӕс Лукайы 1:34, 35.) Йегъовӕ Йесойы зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй суыдаид зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти, ӕмӕ адӕмы фервӕзын кодтаид a. Библийы Мессийӕйы тыххӕй цыдӕриддӕр пехуымпарӕдтӕ фыст ӕрцыд, уыдон иууылдӕр сӕххӕст сты Йесойыл. Уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бон бамбарын уыд, Йесо кӕй у «Чырысти – удӕгас Хуыцауы Фырт» (Матфейы 16:16).

3. Йесо ныр кӕм ис?

Йесо куы амард, уӕд ӕй Хуыцау райгас кодта. Йесо фӕстӕмӕ сси зӕд ӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхт. Уым ӕй «Хуыцау ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдта» (Филиппӕгтӕм 2:9). Ӕмӕ ныр Йесо ахсы стыр бынат – ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у уымӕй уӕлдӕр.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Фылдӕр базон, Йесо ӕцӕгӕй чи у ӕмӕ Йесойы зонын ахсджиаг цӕмӕн у, уый тыххӕй.

4. Йесо Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау нӕу

Библийӕ бӕрӕг у, кӕд Йесо хъомысджын зӕд у, уӕддӕр йӕ Фыд Йегъовӕйӕ дӕлдӕр кӕй у. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ. Ацы видеороликӕй базондзынӕ, Йесо ӕмӕ Хуыцау иу кӕй не сты.

Дӕлдӕр цы стихтӕ ис, уыдоны фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо иу кӕй не сты. Стихтӕ-иу бакӕсут ӕмӕ-иу стӕй фарстатыл аныхас кӕнут.

Бакӕсут Лукайы 1:30–32.

  • Зӕды ныхӕстӕй куыд зыны, Йесо ӕмӕ «Иунӕг Стыр Хуыцау» Йегъовӕ иу кӕй не сты?

Бакӕсут Матфейы 3:16, 17.

  • Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд уӕларвӕй цавӕр ныхӕстӕ ӕрыхъуыст?

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, уыцы ныхӕстӕ чи загъта?

Бакӕсут Иоанны 14:28.

  • Фыд ӕмӕ фыртӕй хистӕр чи вӕййы ӕмӕ фылдӕр бартӕ кӕмӕ вӕййы?

  • Йесо Йегъовӕйы йӕ Фыд кӕй схуыдта, уый цӕуыл дзурӕг у?

Бакӕсут Иоанны 12:49.

  • Йесо афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ йӕ Фыдимӕ иу сты? Ды та куыд хъуыды кӕныс?

5. Йесо Мессийӕ кӕй уыд, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?

Библийы ис бирӕ пехуымпарӕдтӕ Мессийӕйы тыххӕй. Мессийӕ у, Хуыцау адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй кӕй равзӕрста, уый. Уыцы пехуымпарӕдты фӕрцы адӕм бамбӕрстой, Мессийӕ чи уыд, уый. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ. Ацы видеороликы дзырд цӕуы, Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд ыл цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст, уыдонӕй цалдӕрыл.

Бакӕсут ацы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

Бакӕсут Михейы 5:2. Ацы стихы фыст ис, Мессийӕ кӕм хъуамӕ райгуырдаид, уый b.

Бакӕсут Псалом 34:20 ӕмӕ Захарийы 12:10. Ацы стихты ис пехуымпарӕдтӕ, Мессийӕ куыд хъуамӕ амардаид, уый тыххӕй.

  • Ацы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты? (Иоанны 19:33–37).

  • Куыд хъуыды кӕныс, ацы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст уыдаиккой ӕви нӕ, уый Йесойӕ кӕнгӕ уыд?

  • Ацы пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст сты, уый дын Йесойы тыххӕй цӕуыл дзурӕг у?

6. Йесойы тыххӕй базонын нӕ пайдайӕн у

Библи зӕгъы, тынг ахсджиаг кӕй у, Йесойы тыххӕй ӕмӕ, Хуыцау Йесойы уылты йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кӕны, уый тыххӕй базонын. Бакӕсут Иоанны 14:6 ӕмӕ 17:3 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йесойы тыххӕй базонын ахсджиаг цӕмӕн у?

Йесо фӕндаг бакодта, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ суӕм, стӕй нын Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад амоны ӕмӕ нын йӕ фӕрцы ис ӕнусон царды ныфс

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Йесойыл не ’ууӕндынц».

  • Ахӕм адӕймагӕн цы зӕгъис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йесо у хъомысджын зӕд. Уый у Хуыцауы Фырт ӕмӕ Мессийӕ.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Библийы афтӕ фыст цӕмӕн ис, зӕгъгӕ, Йесо у, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг»?

  • Йесо цы арӕзта, цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ?

  • Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесо Мессийӕ кӕй у?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Фылдӕр базон, Йесо Мессийӕ кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм, уый тыххӕй.

«Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ Йесо Чырыстийыл сӕххӕст сты?» (интернет-статья)

Цымӕ Библи афтӕ зӕгъы, ӕмӕ, адӕймаг куыд свӕййы фыд, Хуыцау дӕр Йесойы Фыд афтӕ сси?

«Библи Йесо Чырыстийы Хуыцауы фырт цӕмӕн хоны?» (интернет-статья)

Базон, Троицӕйы тыххӕй ахуырад Библимӕ гӕсгӕ раст цӕуылнӕ у.

«Йесо Чырысти Хуыцау у?» (2009 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», уырыссаг)

Бакӕс, иу сылгоймагӕн йӕ цард куыд аивта, Библийы Йесойы тыххӕй цы фыст ис, уый куы базыдта, уӕд.

«Дзуттаг сылгоймаг радзырдта, йӕ дин цӕмӕн аивта, уый тыххӕй» (2013 азы майы «Райхъал ут!», уырыссаг)

a 26 ӕмӕ 27 урокты дзырд цӕудзӕн, адӕмы фервӕзын кӕнын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ нӕ Йесо куыд ирвӕзын кӕны, ууыл.

b Йесо Мессийӕ кӕд хъуамӕ суыдаид, уыцы пехуымпарады тыххӕй кӕс 2 уӕлӕмхасӕн.