Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

16 УРОК

Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд цы арӕзта?

Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд цы арӕзта?

Йесойыл хъуыды кӕнгӕйӕ бирӕтӕн сӕ цӕстытыл ауайы ноггуырд сывӕллон, зондджын пехуымпар кӕнӕ удисӕг адӕймаг. Фӕлӕ Йесойы тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм, зӕххыл куы цард, уӕд цы арӕзта, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд. Ацы урочы дзырд цӕудзӕн, Йесо цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй цалдӕрыл ӕмӕ дын уыдӕттӕ зонын цы пайда у, ууыл.

1. Йесойӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр цы уыд?

Йесойӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр уыд «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын». (Бакӕс Лукайы 4:43.) Уыцы хорз хабар уыд, Хуыцау йӕ Паддзахад, кӕнӕ хицауад, кӕй ӕрфидар кӕндзӕн ӕмӕ уыцы Паддзахад адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уый тыххӕй a. Йесо уыцы ныфсы хабар хъусын кодта ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг, йӕхиуыл нӕ ауӕрста, афтӕмӕй (Матфейы 9:35).

2. Йесо диссӕгтӕ цӕмӕн арӕзта?

Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау Йесойы «къухӕй... хъомысджын хъуыддӕгтӕ сарӕзта ӕмӕ... диссӕгтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ равдыста» (Хъуыддӕгтӕ 2:22). Хуыцау Йесойӕн цы тых радта, уый фӕрцы йӕ бар цыд ӕрдзы тыхтыл, йӕ бон уыд мингай адӕмы ӕфсадын, рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмӕ суанг мӕрдты дӕр ӕгас кӕнын (Матфейы 8:23–27; 14:15–21; Марчы 6:56; Лукайы 7:11–17). Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй бӕрӕг уыд, Хуыцау ӕй кӕй рарвыста. Уыдонӕй ма бӕрӕг уыд, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у нӕ зындзинӕдтӕн кӕрон скӕнын.

3. Йесойы цардӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Йесо алкӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ каст. (Бакӕс Иоанны 8:29.) Кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кодта, суанг мӕлӕты онг дӕр. Йесойы цардӕй бӕрӕг у, суанг зын уавӕрты дӕр нӕ бон кӕй у Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Уӕдӕ нын Йесо «равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм» (1 Петры 2:21).

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, Йесо хорз хабар куыд хъусын кодта ӕмӕ цавӕр диссӕгтӕ арӕзта.

4. Йесо хъусын кодта хорз хабар

Йесо-иу сӕдӕгай километртӕ рыг фӕндӕгтыл фӕцыд, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн хорз хабар фехъусын кодтаид. Бакӕсут Лукайы 8:1 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Йесо хорз хабар, байхъусынмӕ-иу ӕм чи ’рбацыд, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн хъусын кодта?

  • Йесо цы арӕзта, цӕмӕй адӕмӕн хорз хабар хъусын кодтаид?

Хуыцау рагацау загъта, Мессийӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕндзӕн. Бакӕсут Исайы 61:1, 2 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Йесо ацы пехуымпарад куыд сӕххӕст кодта?

  • Куыд хъуыды кӕныс, абон адӕмы ацы хорз хабар фехъусын хъӕуы?

5. Йесо амыдта ахсджиаг хабӕрттӕ

Йесо ӕрмӕст Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕ хъусын кодта, фӕлӕ ма хорз уынаффӕтӕ дӕр лӕвӕрдта. Ӕркӕс дзы цалдӕрмӕ. Бакӕсут Матфейы 6:14, 34 ӕмӕ 7:12 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Ацы стихты цавӕр хорз уынаффӕтӕ ис?

  • Куыд хъуыды кӕныс, ацы уынаффӕтӕ абон дӕр пайда сты?

6. Йесо арӕзта диссӕгтӕ

Йегъовӕ Йесойы ахӕм тыхӕй схайджын кодта, цӕмӕй йӕ бон уыдаид диссӕгтӕ аразын. Ӕркӕс иу цӕвиттонмӕ. Бакӕсут Марчы 5:25–34 кӕнӕ бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ. Стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Рынчын сылгоймаджы фидарӕй цы уырныдта?

  • Ацы хабарӕй дӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцыд?

Бакӕсут Иоанны 5:36 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон «ӕвдисӕн» цӕмӕн уыдысты, кӕнӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты?

Зыдтай йӕ?

Йесойы царды хабӕрттӕн сӕ фылдӕр фыст сты Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны чингуыты, хонынц сӕ Евангелитӕ. Алы Евангелийы дӕр бакӕсӕн ис, иннӕ Евангелиты чи нӕй, ахӕм лыстӕг хабӕрттӕ Йесойы тыххӕй. Уыцы цыппар Евангелийы фӕрцы нӕ бон у Йесойы цард нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын.

  • МАТФЕЙ

    йӕ Евангели фыццаг ныффыста. Дзырд дзы цӕуы Йесойы ахуырӕдтӕй бирӕтыл, сӕйраджыдӕр та, Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзырдта, ууыл.

  • МАРК

    ныффыста ӕппӕты цыбырдӕр Евангели. Бирӕ хабӕртты кой дзы ис ӕмӕ фыст сты цыбыртӕй.

  • ЛУКА

    ныффыста, Йесойӕн Хуыцаумӕ кувын куыд ахсджиаг уыд ӕмӕ сылгоймӕгтӕм хорз цӕстӕй кӕй каст, уый тыххӕй.

  • ИОАНН

    ныффыста, Йесо-иу йе ’ввахс хӕлӕрттимӕ ӕмӕ иннӕ адӕмимӕ цӕуыл ныхас кодта, уый тыххӕй. Уый фӕрцы нӕ бон у базонын, Йесо цавӕр адӕймаг уыд, уый.

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Йесо у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау».

  • Ды та куыд хъуыды кӕныс?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кодта, диссӕгтӕ арӕзта ӕмӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ каст.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Йесойӕн зӕххыл ӕппӕты ахсджиагдӕр цы уыд?

  • Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон цӕуыл дзурӕг сты?

  • Йесо цавӕр хорз уынаффӕтӕ радта?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, фидарӕй цӕмӕн ис ӕууӕндӕн, Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон ӕцӕг кӕй уыдысты.

«Чырыстийы диссӕгтӕ цӕуыл дзурӕг сты?» (2004 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Базон, иу нӕлгоймаг йӕ цард куыд аивта, Йесо адӕмыл куыд тынг тыхст, уый куы базыдта, уӕд.

«Царды мӕхи йеддӕмӕ никӕуыл хъуыды кодтон» (2014 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Базон, Йесо цы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдон фӕд-фӕдыл куыд цыдысты.

«Йесойы зӕххон царды ахсджиаг цаутӕ» («Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 4-Ӕ хай)

a Хуыцауы Паддзахадыл ныхас бӕстондӕр цӕудзӕн 31–33 урокты.