Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

18 УРОК

Ӕцӕг чырыстӕтты цӕмӕй ис базонӕн?

Ӕцӕг чырыстӕтты цӕмӕй ис базонӕн?

Абон тынг бирӕтӕ сӕхи чырыстӕттӕ хонынц. Фӕлӕ се ’ппӕт иу цӕуылдӕр не ’ууӕндынц ӕмӕ уыцы иу закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ цӕрынц. Уӕдӕ ӕцӕг чырыстӕтты цӕмӕй ис базонӕн?

1. Чырыстӕттӕ чи сты?

Чырыстӕттӕ сты Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ, кӕнӕ фӕдылдзӕуджытӕ. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 11:26.) Цӕмӕй сӕ ис базонӕн? Йесо загъта: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут» (Иоанны 8:31). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ цӕрой Йесойы амындтӕм гӕсгӕ. Йесо цы амыдта, уымӕн йӕ бындур уыд Хуыцауы Ныхас. Ӕмӕ, ӕцӕг чырыстӕттӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уыдӕттӕн дӕр сӕ бындур у Библи. (Бакӕс Лукайы 24:27.)

2. Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕз [уӕ] куыд уарзын, сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийы афтӕ уарзут» (Иоанны 15:12). Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй уарзта, уый? Семӕ рӕстӕг ӕрвыста, ныфс-иу сӕ бауагъта ӕмӕ сын ӕххуыс кодта. Йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй ма суанг йӕ цард дӕр радта (1 Иоанны 3:16). Ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр ӕрмӕст дзургӕ нӕ кӕнынц, кӕрӕдзи уарзӕм, зӕгъгӕ. Уый бӕрӕг у сӕ хъуыддӕгтӕй дӕр.

3. Ӕцӕг чырыстӕттӕ цавӕр хъуыддаджы архайынц?

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ахсджиаг хъуыддаг бахӕс кодта. Библийы фыст ис: «Арвыста [сӕ] Хуыцауы паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ» (Лукайы 9:2). Фыццаг чырыстӕттӕ, Хуыцауӕн кувынмӕ кӕм ӕмбырд кодтой, ӕрмӕст уыцы бынӕтты нӕ хъусын кодтой, фӕлӕ-иу бирӕ адӕм кӕм уыди, ахӕм рӕтты дӕр, стӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 5:42; 17:17.) Абон дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ Библийы рӕстдзинад хъусын кӕнынц, адӕм кӕмдӕриддӕр ис, уым. Уыдон алкӕй дӕр уарзынц ӕмӕ сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ тыхтӕ не ’вгъау кӕнынц, цӕмӕй сын, Библийы цы ныфсы хабар ис, уый дзурой (Марчы 12:31).

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, ӕцӕг чырыстӕттӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, Йесойы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл чи нӕ цӕуы, уыдонӕй.

4. Библийы рӕстдзинад агурынц

Фыццаг чырыстӕттӕ Хуыцауы Ныхасӕн аргъ кодтой

Йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕй алчи ахсджиагыл нӕ нымайы Библийы рӕстдзинад зонын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Иуӕй-иу аргъуантӕ цы арӕзтой, цӕмӕй адӕм ма базыдтаиккой, Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уыдӕттӕ?

Йесо адӕмӕн амыдта, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый. Бакӕсут Иоанны 18:37 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, «рӕстдзинады фарс чи у», уыцы чырыстӕтты цӕмӕй ис базонӕн?

5. Библийы рӕстдзинад хъусын кӕнынц

Фыццаг чырыстӕттӕ хорз хабар хъусын кодтой

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ абон дӕр аразынц, уӕлӕрвтӕм ацӕуыны размӕ сын цы бахӕс кодта, уый. Бакӕсут Матфейы 28:19, 20 ӕмӕ Хъуыддӕгтӕ 1:8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Хорз хабар кӕдмӕ ӕмӕ кӕм хъуамӕ хъусын кӕной?

6. Цы дзурынц, цӕргӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кӕнынц

Иу нӕлгоймаг Томы цӕмӕ гӕсгӕ бауырныдта, ӕцӕг чырыстон дин кӕй ссардта, уый? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Том динӕй цӕмӕн фӕфыдӕнхъӕл?

  • Рӕстдзинад кӕй ссардта, уый йӕ цӕмӕ гӕсгӕ бауырныдта?

Хъуыддӕгтӕн ныхӕстӕй фылдӕр уӕз ис. Бакӕсут Матфейы 7:21 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрмӕст уый фаг у, цӕмӕй нӕхи йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хонӕм?

7. Кӕрӕдзи уарзынц

Фыццаг чырыстӕттӕ кӕрӕдзийы уарзтой

Чырыстӕттӕ цӕттӕ сты сӕ цард се ’мчырыстӕтты тыххӕй раттынмӕ. Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Ллойд Йохансоны тыххӕй йӕ цард раттынмӕ цӕттӕ цӕмӕн уыд?

  • Куыд хъуыды кӕныс, ӕцӕг чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ бакодта?

Бакӕсут Иоанны 13:34, 35 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ (ӕцӕг чырыстӕттӕ), ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, уыдонмӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарой?

  • Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый хӕсты рӕстӕг цӕмӕй хъуамӕ уа бӕрӕг?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Чырыстон динтӕ бирӕ сты. Кӕцы дзы у раст?»

  • Ӕцӕг чырыстӕтты цӕмӕй ис базонӕн, уый бамбарын кӕныны тыххӕй цавӕр стих бакӕсис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Ӕцӕг чырыстӕттӕ цӕрынц Библийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ, кӕрӕдзийы удуӕлдай уарзтӕй уарзынц ӕмӕ Библийы рӕстдзинад хъусын кӕнынц.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Ӕцӕг чырыстӕттӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уыдӕттӕн сӕ бындур цы у?

  • Ӕцӕг чырыстӕтты фыццаджыдӕр цӕмӕй ис базонӕн?

  • Ӕцӕг чырыстӕттӕ цавӕр ахсджиаг хъуыддаджы архайынц?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Фылдӕр базон, Йесо Чырыстийы чи фӕзмы ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл чи архайы, уыцы адӕмы тыххӕй.

«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты?» (1:13)

Базон, моладзан чи уыд, ахӕм сылгоймаг ӕцӕг чырыстон бинонтӕ куыд ссардта.

«Мӕ алы фарстайӕн дӕр мын дзуапп лӕвӕрдтой Библийӕ!» (2014 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Базон, ӕцӕг чырыстӕттӕ бӕллӕхты рӕстӕг кӕрӕдзийӕн куыд феххуыс кӕнынц.

«Бӕллӕхты рӕстӕг не ’фсымӕртӕм ӕххуысмӕ фӕзынӕм» (скъуыддзаг) (3:57)

Бакӕс, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ фӕдылдзӕуджыты цӕмӕй ис базонӕн ӕмӕ абон ӕцӕг чырыстӕттӕ фыццаг чырыстӕтты хуызӕн цӕмӕй сты.

«Ӕцӕг чырыстӕтты цӕмӕй базонӕн ис?» (2012 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)